филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:58 пятница, 03 мая 2024
03 сентября 2021, 12:08
Национ проектты фæрцы цы арæзтæдтæ цæуынц, уыдоныл дзырдтой, Тускъаты Таймуразы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым

Архайдтой дзы профилон ведомствæты, районты администрациты æмæ подрядон куыстуæтты разамонджытæ

Национ проектты фæрцы цы арæзтæдтæ цæуынц, уыдоныл дзырдтой, Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймуразы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым. Архайдтой дзы профилон ведомствæты, районты администрациты æмæ подрядон куыстуæтты разамонджытæ. Уæлдай æргом аздæхтой, куыстыты рæстæг цы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, уыдонмæ. Уайдзæфы аккаг систы Хъызлары, Джызæлы, Хъарман-Сындзыхæуы æмæ Дæллаг Санибайы сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад. Бæстыхæйтты техникон цæттæдзинад ныридæгæн у зæрдæхсаинаг. Графикк кæй не ййафынц, уымæн ис цалдæр аххосаджы – нæ фаг кæнынц кусджытæ, арæзтадон æрмæг, стæй объекттæн эксперттæ аргъ нæма скодтой. Тускъаты Таймураз бæрнон адæймæгтæм фæсидтис, цæмæй фæахадгæдæр кæной куыстыты цыд, фæлæ ма рох кæной хæрзхъæддзинады домæнтæ дæр. Рахизфарсы районы цы объекттæ ис, уыдонмæ ис федералон центры цæстдард. Ольгинскæйы культурæйы хæдзары ныртæккæ цæуы бындурон цалцæг, фæлæ куыстыты рдæг æххæстгонд нæма æрцыд. Подрядон куыстуатæн бабар кодтой, цæмæй уавæрмæ æркæса. Ацы азы кæронмæ хъуамæ сцæттæ уа Беслæны æрыгон техникты станцæ. Аразынц æй, горæты Генералон пълан æххæст кæнгæйæ. Ныридæгæн уал самадтой къултæ, байсæрстой сæ, сæвæрдтой рудзгуытæ æмæ базылдысты хъармгæнæнмæ. Уыцы-иу рæстæг райдыдтой цар æмбæрзын æмæ алыварс территори аив кæнын. Хуыздæр уавæр ис æрыгон натуралистты станцæйы. Уым кусджытæ аив кæнынц бæстыхай, стæй аразынц хъæрмуæттæ. Æрыдоны районы та æруырæдтой спортивон комплексы арæзтад. Къуылымпыдзинады аххосæгтæ хъуамæ иуварсгонд æрцæуой. Тускъаты Таймураз подрядон куыстуæттæй бадомдта, цæмæй график æххæст кæной. Йæ хæстæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæса, уыдонимæ бадзырдтæ та хæлд æрцæудзысты – загъта премьер-министр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania