филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 воскресенье, 28 апреля 2024
10 августа 2023, 12:06
Ноджыдæр ма иу раззагазиаг леопарды рауагътой æрдзмæ

Ныртæккæ леопардты кæдæм рауагътой, уыцы фæдзæхт бынæтты сæвæрдтой бирæ къамахсæн къæппæджытæ

Ноджыдæр ма иу раззагазиаг леопарды рауагътой æрдзмæ. Йæ фæсномыг Чермен. Куыд сбæрæг, афтæмæй стыр гæдыты зæрдæмæ фылдæр цæуынц хъæдджын рæгътæ. Ныртæккæ леопардты кæдæм рауагътой, уыцы фæдзæхт бынæтты сæвæрдтой бирæ къамахсæн къæппæджытæ. Афтæмæй ахуыргæндтæ сæ цæст дарынц цæрæгойтæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Кавказаг стай Чермен æрыздæхт йæ историон райгуырæн зæхмæ. Раззагазиаг леопард Сырх чиныгмæ хаст цæрæгой у. Уыимæ ма у Цæгат Ирыстоны символ – йæ хуыз ис республикæйы гербыл. У хæхты хъахъхъæнæг. Национ символ æрдзмæ здахынц паддзахадон программæмæ гæсгæ. Чермен у, регионы кæй рауагътой, ахæм 8-æм кавказаг стай. Алцыдæр Кавказы сæйраг тугдзых сырды популяци сног кæнынæн.

Леопардты фыццаг рауагъд уыд Дыгургомы – дзæбидыртæ кæм вæййынц, уыцы бынæтты. Уыдон республикæйы æппæтæй парахатдæр сæфтæгджын хуыз сты. Фæлæ тызмæг цуанæттæ 2 къуырийы фæстæ æрхызтысты тæрфмæ. Æппæт иннæ рауагъдтæ уыдысты Турмонаг фæдзæхст бынаты. Куыд сбæрæг, афтæмæй стыр гæдыты зæрдæмæ фылдæр цæуынц хъæдджын хизæн рæгътæ.

Сырдты ахуыртæ æрдзы иртасынц æмæ регионы диссаджы экосистемæмæ цæст дарынц фæдзæхст бынаты ахуыргæндтæ. Кæсынц ма, цæрæгойтæ ног бынаты куыд фæцахуыр вæййынц, уымæ. Къамахсæнтæ сты хъæддаг æрдзимæ базонгæ уæвыны сæйраг ифтонггæрзтæ. Цæмæй тугдзыхтæм цæст дарой, уый тыххæй сæ арæхдæр бафидар кæнынц бæлæстыл. Змæлды датчикты æнкъарынад бæрзонд у, уымæ гæсгæ къамахсæнты куыст хъæуы рагагъоммæ банывыл кæнын. Ахуыргæндтæ бæлвырд зонынц, цæстдарæн прибортæ кæцы ран сæвæрын хъæуы, уый.

Техникæйы сæйраг зианхæсджытæ сты хъæддаг сырдтæ æмæ адæм. Æмæ сæ кæд тугдзыхтæ пырх кæнынц, тæссаг объектыл сæ кæй нымайынц, уымæ гæсгæ, уæд вандалтæ та барæй райсынц æмæ асæттынц къамахсæнтæ.

Ныртæккæ фæдзæхст бынаты наукон кусджыты бæрны ис 40 камерæйы. Ахуыргæндтæ сæ архайд нæ уадзынц, æмæ æдзухдæр иртасынц цæрæгойты къахвæндæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania