филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:33 понедельник, 06 мая 2024
07 сентября 2023, 12:48
Ног ахуыры азмæ нæ фесты Хæзныдоны скъолайы цалцæггæнæн куыстытæ.

Ныр ахуырдзауты хъæуы сыхаг хъæу – Толдзгуны скъоламæ цæуын.

Ног ахуыры азмæ нæ фесты Хæзныдоны скъолайы цалцæггæнæн куыстытæ. Ныр ахуырдзауты хъæуы сыхаг хъæу – Толдзгуны скъоламæ цæуын. Æмæ уый иу хъуыддаг, фæлæ иу автобус уал скъоладзауыл кæй не ххæсы, уый та æндæр фарста.

Автобусмæ æнхъæлмæ кæсын, уый фæстæ та ацæуын сыхаг хъæу – Толдзгуны скъоламæ. Ахæм балц скъоладзауты ныййарджыты зæрдæмæ нæ цæуы, уымæн æмæ сын æрхæссы зындзинæдтæ. Æмæ сæ иу хъæуæй иннæмæ цæуын бахъæуы алы бон дæр.

Хæзныдоны скъолайы ахуыр кæнынц 87 сывæллоны. Автобус та у иу. Æмæ дзы ис æрмæстдæр 24 бынаты. Фыццаг аласы кæстæрты. Хистæркъласонты та бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ хæдтулгæ ацæуа Толдзгунмæ æмæ фæстæмæ æрæздæха, уымæ.

Скъола фыццæгæм сентябрмæ бацæттæ кæнын нæ бантыст. Кæд бæстыхайы паспорты фыст уыд, цалцæггæнæн куыстытæ 31-æм августы кæй фæудзысты, уæддæр. Ныридæгæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Хъæуы сын æрмæстдæр цалдæр боны. Фæлæ спортивон фæзимæ та зындæр архайæн у. Подрядон организацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, спортивон фæзы цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты дыууæ къуыримæ. Хъæуы ма дзы æрмæстдæр бырæттæ бафснайын æмæ байтауын, нырмæ кæй нæма æрбаластой, уыцы линолеум. Æмæ уый у, фарст «Скъола фыццæгæм сентябры цæуылнæ байгом»-æн дзуапп. Æххæстгæнæг директор зæгъы – хъуыддаг санкцитимæ баст у. Уымæн æмæ спортивон линолеумимæ ма бирæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд æндæр æрмæджытæм дæр.

Цалцæггæнæн куыстытæ фæстиат кæй кæнынц, уый тыххæй уæлæмхасæн бадзырд бафыстой августы астæу. Нæ республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй фарста æрмæст кусæнгæрзтæ афойнадыл кæй не рбаластой, уый тыххæй нæ сæвзæрд. Ома, дам, скъола бындурон цалцæджы агъоммæ афойнадыл нæ сафтид кодтой.

Ахуырадон бæстыхайы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй скъолайы ничиуал уыд уалдзыгонд фæлладуадзæн бонты рæстæг дæр. Фæлæ скъолайы цалцæг цæмæ ныффæстиат, уый нырма базонын хъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania