Ирыстоны скъолатæ райдыдтой сæ куыст
Ног ахуыры азмæ, ног хъуыдытæ æмæ фæндтимæ бакъахдзæф кæны алы саби дæр. Ирыстоны скъолатæ райдыдтой сæ куыст. Фыццаг дзæнгæрæг райхъуыст æппæт ахуыргæнæндæтты дæр. Дзæуджыхъæуы 50-йæм скъола йæ дуæрттæ бакодта 86-æм аз. Ацы хатт фыццæгæмкъласонты рæнхъæты ис 50 сывæллоны, иуæндæсæм къласмæ дзы бацыд 25 адæймаджы. Æдæппæтæй та Дзæуджыхъæуы 50-йæм скъолайы ис 500 ахуырдзауы. Ног ахуыры азы райдианы бæрæгбоны бацархайдтой фыццагкъласонтæ, 9-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Традицимæ гæсгæ мадзал райдыдтой Уæрæсейы æмæ Ирыстоны гимнтæй. Куыд хистæр кълæсты ахуырдзаутæ, афтæ кæстæртæ дæр зæрдиагæй сæхи бацæттæ кодтой мадзалмæ. Равдыстой сæ арæхстдзинад æмдзæвгæтæ кæсынæй, фæндырæй цæгъдынæй, кафынæй. Кадджын уазджыты хсæн уыд, Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министр Кочиты Сослан, сывæллæттæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Менялойы номæй ног ахуыры азы райдианы фæдыл, йæ зæрдæ сын загъта – Ирыстоны райдзаст фидæныл кусæг фæсивæд дзы куыд рауайа. Уыимæ, куыд æппæт Ирыстоны сабитæ, афтæ Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы фыццагкъласонтыл дæр сæмбæлын кодта Ирыстоны сæргълæууæджы номæй лæвæрттæ.