филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:15 среда, 01 мая 2024
10 января 2024, 11:11
Ног азы бæрæгбæттæ республикæйы ацыдысты æнæ уæззау цаутæй

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой профилон ведомствæты минæвæрттæ

Ног азы бæрæгбæттæ республикæйы ацыдысты æнæ уæззау цаутæй. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой профилон ведомствæты минæвæрттæ. Сергей Меняйло бабар кодта уавæрмæ цæст дарын, æмæ лыггæнинаг фарстатæ куы сæвзæра, уæд сæ цыбыр рæстæгмæ иуварс кæнын. Абон Арвы комы фæндаджы арæныл рады лæууынц 350 уæзласæн машинæйæ фылдæр. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй хъуамæ се ппæт дæр уой сæрмагонд æрлæууæнты, æмæ Дзæуджыхъæуы æмæ иннæ хъæуты фæндаджы кæрæттæ ма дзаг кæной. Ивгъуыд къуыри эпидемиологон уавæр уыд æнæивгæ, æхснырсæджы миниуджытимæ тагъд æххуысы службæмæ къаддæр курдиæттæ уыд. Æмбырды ныхас цыд 2024-æм азы нысантыл дæр. Регионы разамонæг загъта, сæйрагдæр хæс у федералон хицауадон оргæнтимæ æмархайд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania