филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:13 вторник, 21 мая 2024
03 июня 2019, 17:05
Ног нымæцон хуызы телеуынынадмæ ныридæгæн кæсын райдыдтой Нартыхъæуы дæр

Ног нымæцон хуызы телеуынынадмæ ныридæгæн кæсын райдыдтой Нартыхъæуы дæр. Пенсиисæг Кæсæбиты Соня æнцонтæй сарæхсти ног кусæнгарзмæ. Æвæстиатæй дзы равзæрста, цы каналтæм кæсдзæн, уыдоны хыгъд. Фылдæр уарзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй кинонывтæм кæсын. Уымæн æмæ уыцы тугкалæн хæст йæ царды ахсы хицæн, уыимæ арфдæр бынат.»Мæнæй хъæздыгдæр нæй», – зæгъы Кæсæбиты-Дулаты Соня. Æппынæдзухдæр йæ уарзон хæстæджытæ, æмбæлттæ æмæ сыхæгтæ вæййынц йæ фарсмæ. Рох нæу Æрыдоны районы разамындæй дæр. Нымæцон телеуынынадмæ рахизыны размæ ног хæрзхъæд каналтæ фæзындысты йæ телевизоры дæр. Соня арæх фæкæсы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй кинонывтæм. Йæ зæрдыл æрлæууынц уыцы уæззау азтæ. Йæ фыдмæ куыд æнхъæлмæ касти, уый та æбæрæгæй фесæфти Керчы æрдæгсакъадахыл. Цыди йыл 8 азы, фæлæ уый нæхынцгæйæ, стонг æмæ уазалæй архайдта йæ мадæн баххуыс кæныныл. Цæуæгæдоны уылты-иу ацыди быдырмæ нартхормæ. Æнæхъæн хъæуæй-иу æххуыс кодтой, Дзæуджыхъæу чи хъахъхъæдта, уыцы салдæттæн. Уыдон та сæ-иу барæвдыдтой салдаты касæй. Цымыдисаг рауад Соняйы цардæмбалы хъысмæт дæр. Кæсæбиты Дзиго хæстмæ ацыд 17-аздзыдæй. Ныртæккæ Барбашовы фæз кæм и, уыцы ран ын йæ танк срæмыгътой. Цæфæй, фæлæ удæгасæй Дзигойы ссардтой йæ хæстæджытæ. Куыддæр йæ къæхтыл слæууыд, афтæ та ногæй ацыд фронтмæ. Хæсты кæй фæуæлахиз стæм, уый тыххæй йæ базыдта Курляндийы. Уыимæ йæхиуæттæй нæ, фæлæ немыцæгтæй. Уæд урс тырысаимæ йæ размæ рацыд немыцаг офицер. Уæлахиз дыууæйæн дæр уыд æхсызгон, æмæ дыууæйæ дæр кæрæдзийæн балæвар кодтой æфсæддон картæтæ. Ныртæккæ ацы бынат зайы фæткъуы-бæлас. Йе фсымæры номыл æй ныссагъта Дзиго. Уым ма ныууагъта Ирыстонæй ласт зæххы хай. Уырдыгæй дæр сласта зæхх, æмæ йæ æркалдта йæ хæдзары кæрты, стæй йæ мады ингæныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania