филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:09 четверг, 25 апреля 2024
16 июня 2022, 12:20
Ныгуылæн бæстæты санкцитæ фæбæрæг сты бизнесы алы къабæзтыл

Цæгатирыстойнаг бизнес та цавæр зындзинæдтыл сæмбæлд, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд

Ныгуылæн бæстæты санкцитæ фæбæрæг сты бизнесы алы къабæзтыл. Фæлæ, уый нæ хынцгæйæ, нæ бæстæйы амалхъом адæм, уавæрæй пайда кæнгæйæ, агурынц ног мадзæлттæ æмæ гæнæнтæ. Цæгатирыстойнаг бизнес та цавæр зындзинæдтыл сæмбæлд, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Консервгæнæн заводы архайдыл санкцитæ зынгæ фæбæрæг сты. Уымæн æмæ архайдтой фæсарæйнаг кусæнгæрзтæй.  Ныр товартæ фæстаг 3 мæйы арæх нал уадзынц, зæгъы Лекъты Руслан. Халсарты мыггæгтæ æмæ къоппытæ дæр ласт цыдысты фæсарæйнаг бæстæтæй. Æрмæст æвгты зилгæ сæртæ фыццаг бонты 2 сомæй сырæзтызты 11 сомы онг.

Куыстуат фарон рацыд фæсарæйнаг базарадмæ. Йæ продукци равæрдта Германийы стыр супермаркетты дæр. Ныры уавæртæ хынцгæйæ сæ бахъуыд æмгуыстад фехалын, фæлæ комбинат стыр зиан нæ баййæфта. Егъау ивддзинæдтæ бахаста дуканиты уагæвæрд.

Ахæм зындзинæдтимæ бынæттон амалхъом адæймаг фыццаг хатт не мбæлы. Пандемия бизнес фæфидардæр кодта. Куыстыты хæрдзтæ раст чи банымадта, уыдон бирæ нæ фесæфтой. Фæлæ уыди афтæ дæр, æмæ санкциты тыххæй бирæтæ суинаг æмæ зынаргъ проекттæ ныууагътой.

Куырттаты комы кадджын уавæры байгом бынæттон амалхъом адæймаджы æхсырты продуктты дегустацион фæз. Йæ хъуыды ис уый мидæг, æмæ турист, бæлццон, зæгъæм, Уæллаг Фыййагдонмæ цæугæйæ баурома æмæ ацахода бынæттон æхсырæй, цыхтæй, æхсыры сæртæй æмæ традицион хæринæгтæй. Уыцы хъуыды зындгонд у фæсарæйнаг бæстæты дæр. У агропромышленон холдингы стыр проекты хай. Фыццаг хъуыдымæ гæсгæ дзы хъуамæ фæзындаид стыр агротуристон комплекс, йæ бындуры роботизацигонд  æхсыры фермæ кæмæн ис, ахæм. Фæлæ фæстагмæ, куыстуаты каркасæн металл дæр ма куы сæвæрдтой, уæд роботтæ кæнæг Нидерландон фирмæ фехæлдта æмгуыстад.

Амалхъом адæм иу ран нæ лæууынц. Дарддæр агурынц фæрæзтæ, кæнынц инвестицитæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр кусынц. Архайынц, цæмæй базары продукттæ æмæ фæлхасад фæфылдæр кæной, аргъ æнæ ивгæйæ. Паддзахадæн йæ бон куыд у, афтæ æххуыс кæны. Лекъты Русланæн йæ комбинатимæ æххуыс кæны хъæууон хæдзарады министрад. Сты грантон фæрæзтæ. Агрохолдингы уыд экономикон райрæзты министр Кучиты Зауыр. Бахаста дарддæры куыстмæ цалдæр фæндоны, цалынмæ Нидерланды фирмæйы кусджытæ хъуыды кæнынц, уæдмæ.

Ахæм зын хъуыддаджы Паддзахады бон æппæт фарстатæ алыг кæнын нæу, зæгъынц эксперттæ.  Бирæ аразгæ у банкты архайдæй дæр. Фæлæ уæддæр зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы кредитты сæйраг ставкæ кæй фæкъаддæр уыдзæн, ууыл. Ныр та уал агурынц, ныгуылæн бæстæтæ санкциты рæстæг цы зиан æрхастой, уый фæкъаддæр кæныны мадзæлттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania