Нырыккон кусæнгæрзтæ фадат ратдзысты 3 мин цæрæгæй фылдæры хæрзхъæд нуазыны донæй сифтонг кæнынæн
Ныртæккæ куыст цæуы Алагиры районы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы ахсджиагдæр фарстатæй иуыл – ног кæнынц дондзæуæн системæ. Нырыккон кусæнгæрзтæ фадат ратдзысты 3 мин цæрæгæй фылдæры хæрзхъæд нуазыны донæй сифтонг кæнынæн. Объекты арæзтад цæттæ у 90%. Алагиры районы хæххон хъæуты цæрджытæ рагæй бæллынц сыгъдæг, æнæ згæ донæй пайда кæнынмæ. Специалисттæ ныр дзы афæдзы рдæгмæ хæстæг кусынц ацы фарста алыг кæныныл. Зæронд хæтæлтæ баивтой ногтæй, сæ иумæйаг дæргъ 60 километры. Уыимæ, æфсæнбетонæй конд цъайтæ дæр. Бадыхъæуæй Мызуры онг сæвæрдтой 2 магистралы хæтæлтæ – алкæцыйы дæргъ у 3 километры бæрц. Мызурæй Нузалы онг фесты 2 æмæ *рдæг километрæй фылдæр донæххæстгæнæн лини æвæрыны куыстытæ. Ныртæккæ специалисттæ монтаж кæнынц æлхъывдады регулятортæ æмæ зынгхуыссынгæнæн гидранттæ. Холсты сæвæрдтой сыгъдæг доны резервуартæ, донцæттæгæнæн станцæ æмæ дизель-генератор. Ныртæккæ цæуынц ифтонггæрзты куысты фæлварæнтæ. Хæххон хъæуты цæрджытæн ацы фарста у ахсджиагдæртæй иу.




