филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:56 вторник, 03 ноября 2026
31 июля 2024, 12:09
Ныртæккæ профилон федералон хицаудзинады оргæнтæм балæвæрдтой бюджетон курдиæттæ 190 объектæн

2025-27-æм азты кампанийы æппæт хъуыддæгтыл бæстон æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æмбырды

Ныртæккæ профилон федералон хицаудзинады оргæнтæм балæвæрдтой бюджетон курдиæттæ 190 объектæн. Сæ иумæйаг аргъ у 50 миллиард сомы онг. Уыдон сты арæзтады, рацарæзты, бындурон цалцæджы æмæ аивдзинады куыстытæ. 2025-27-æм азты кампанийы æппæт хъуыддæгтыл бæстон æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æмбырды. Премьер куыд загъта, афтæмæй хъæуы æмбарын — ныридæгæн цавæр курдиæттæ банымадтой хорзыл, кæцытыл та ма бакусын хъæуы. Уымæй дарддæр ма хицауады сæрдар загъта, федералон бюджет нысан кæнгæйæ, хъæуы республикæйы æппæт объекттыл хъуыды кæнын. Хицæнæй Дзанайты Барис бабар кодта проектон-сметон документаци бацæттæ кæнынмæ стыр æргом аздахын. Хицауады Сæрдар ма загъта, объекттæ кæй хъæуы æмбæлгæ нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ хъæддзаумайæ сифтонг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania