филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:26 четверг, 02 мая 2024
13 июля 2022, 12:08
Нырыккон аивады центры байгом равдыст «Дагестанская Мадонна»

Уыцы фæзы ма арæзт æрцыд Мариинаг театры филиалы камерон концерт дæр

Нырыккон аивады центры байгом равдыст «Дагестанская Мадонна». Дагестайнаг сылгоймаджы фæлгонц сæ нывты равдисыныл бацархайдтой 30 авторы. Уыцы фæзы ма арæзт æрцыд Мариинаг театры филиалы камерон концерт дæр. Символикон у, Цæгат Кавказы фыццаг сылгоймаг-композитор Джаннет Далгаты номимæ йæ кæй сбастой,уый. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Джамиля Дагирова Ирыстонмæ равдыстимæ фыццаг хатт не ссыд. 10 азы дæргъы ирон аивадуарзджыты зонгæ кæны Дагестаны культурæимæ. Ацы хатт экспозици баст у дагестайнаг сылгоймаджы фæлгонцимæ. Схуыдта йæ «Дагестанская Мадонна. Пространство и традиции».

Проекты архайдта 30 авторæй фылдæр. Нывгæнджыты куыстытæ баххæст кодтой нывхуыдтæ, къухæй конд ювелирон дзауматæ, видеоарттæ æмæ куклаты инсталяцитæ. Ам ма арæзт æрцыд камерон концерт дæр. Уый у мариинаг театры æмæ Пушкины музейы филиалты æмгуыстады хатдзæг. Ацы концертæй ссардтой дагестайнаг музыкант Джаннет Далгаты ном. Мадзалы разамонæг – Уæрæсейы æмæ Украинæйы адæмон артисткæ Гергиты Ларисæ. Концерты архайдтой Мариинаг театры филиалы солисттæ. Сæ курдиат равдыстой сывæллæтты къордтæ дæр.

Цалдæр романсы Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт азæлыдысты. Концерты аразджытæ сæ зæрдæ дарынц, ахæм мадзæлттæ арæхдæр кæй уыдзысты, ууыл. Фæнд ма кæнынц экспозици Мæскуы æмæ Краснодары равдисын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania