филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:37 воскресенье, 19 мая 2024
01 октября 2021, 11:21
Огъуаты Аланæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы ахуырады академийы профессоры кадджын ном

Ахæм кады аккаг ахуыргонд свæййы, Академийы сæйрагдæр хæстæ æххæст кæныны активонæй куы фæархайы, уæд

Экономикон наукæты доктор, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Аланæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы ахуырады академийы профессоры кадджын ном. Ахæм кады аккаг ахуыргонд свæййы, Академийы сæйрагдæр хæстæ æххæст кæныны активонæй куы фæархайы, уæд. Огъуаты Алан йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй бæрзонд аргъ кæнынц ахуырады Уæрæсейаг академиимæ æмгуыстадæн. Иумæйаг нысаныл та нымайынц – нæ бæстæйы ахуырады ерысхъомдзинад уæлдæр кæнын, æмæ фæсивæды ргом наукæмæ здахын. Академийæн ис стыр ахадындзинад паддзахадон проекттыл кусгæйæ æмæ стратегион уынаффæтæ æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania