филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:03 воскресенье, 19 мая 2024
24 августа 2020, 12:24
Окскы фæдзæхст бынатæй Цæгат Ирыстонмæ сластой 6 хъæддаг галы

Цæрæгойты ауагътой Турмоны фæдзæхст бынатмæ

Окскы фæдзæхст бынатæй Цæгат Ирыстонмæ сластой 6 хъæддаг галы. Цæрæгойты ауагътой Турмоны фæдзæхст бынатмæ. Раздæр уал уыдзысты карантины вольеры. Мæйы фæстæ та специалисттæ вольер байгом кæндзысты æмæ зубрты ауадздзысты хъæддаг æрдзмæ. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты кæрон Уæрæсейы Хъæддаг æрдзы Фонд бакуыста зубртæ бахъахъхъæныны стратегийыл. Уæдæй фæстæмæ уæрæсейаг хъæдты афæдзæй-афæдзмæ ацы цæрæгойты нымæц райдыдта фылдæр кæнын.

Окскы фæдзæхст бынатæй – Турмоны фæдзæхст бынатмæ. Фыццаг хъæддаг галтæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты дыууæ мины дæсæм азы. Уæд Цъæймæ сластой фараст зубры. Ацы хатт та сæм бафтыд æхсæз ног зубры. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæддаг галтæ Сырх чиныгмæ хаст æрцыдысты рагæй дæр.

Зубртæн сæ тæккæ хистæр – нæл Мезарь, æппæтæй кæстæр – сыл Мелитен. Æхсæз боны фæстæ зубртæй иуыл, Местерыл, сæххæст уыдзæн æртæ азы. Зубр у Европæйы иунæг хъæддаг гал, мах бонтæм ма чи аирвæзтис.

Зубртæ мæйы дæргъы уыдзысты карантины вольеры. Уый фæстæ сæ рауадзысты Ирыстоны хъæддаг æрдзмæ. Ацы бынат сын тынг хорз у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania