Культурæйы хæдзары арæзт æрцыд номарæн мадзал
Ольгинскæйы ссардтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хъæуæй чи фæмард, уыцы хæстонты нæмттæ. Культурæйы хæдзары арæзт æрцыд номарæн мадзал. Æрхъуыды кодтой, æфсæддонтæ цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый тыххæй. Скъолайы та байгом кодтой номарæн фæйнæг Сланты Батразæн. Уымæн дæр тохы быдырæй сыздæхын нал бантыст. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ольгинскæйы скъолайы раздæры ахуырдзау Сланты Батраз сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй Донецкы адæмон республикæйы кодта æфсæддон техникæйы цалцæджы куыст. Афæдзы фæстæ йæ къухмæ хæцæнгарз райста æмæ ныр Фыдыбæстæ хъахъхъæдта тохы быдыры. Йæ хъысмæты тыххæй бинонтæ бирæ рæстæг нæ зыдтой, Батразæй ницы хабæрттæ уыд. Сæ ныфс хуыздæрыл дардтой, фæлæ фыдæнхъæл фесты. Йæ уарзон скъолайы ныр номарæн фæйнæг. Се *ппæтæн дæр у лæгдзинады æмæ патриотизмы дæнцæг.
Батраз фæмард æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ Донецкы адæмон республикæйы хъæу Клещеевкæйы. Хиуæттæн фехъусын кодтой, йæ дæлхайадыл ракетон цæф кæй æрцыд æмæ 12 адæймаджы фæмардысты. Фæлæ æнæхъæн афæдз Батразы тыххæй ницы уыд бæрæг.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ма фæмардысты йæ цыппар æмхъæуккаджы – Абайты Давид, Зыгъуытаты Чермен, Касаты Виталий æмæ Малиты Инал. Сæ номыл Ольгинскæйы культурæйы хæдзары арæзт æрцыд концерт. Акодтой дзы хæстон зарджытæ. Мадзалмæ æрбацыдысты æфсæддонты хæстæджытæ, чи сæ зыдта, уыдон, хъæуæй сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы хæстонтæ æмæ скъоладзаутæ.
Ольгинскæйæ абон сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстæ æххæст кæнынмæ араст сты 48 адæймаджы. Дыууæйæ нымад сты æбæрæгæй сæфтыл. Сæ райгуырæн хъæуы сæ сæрыстыр сты. Алы хъæбатыры ном дæр ам æнустæм нæ ферох уыдзæн.




