филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:37 воскресенье, 19 мая 2024
18 августа 2020, 12:13
Оперативон штабы радон æмбырды ныхас цыд коронавирусы инфекци парахат кæнын ма бауадзыны мадзæлттыл

Видеоконференцийы хуызы ныхас кодтой хицауады уæнгтæ, бæрнон структурæты разамонджытæ æмæ республикæйы медицинон куыстуæтты сæйраг дохтыртæ

Оперативон штабы радон æмбырды ныхас цыд коронавирусы инфекци парахат кæнын ма бауадзыны мадзæлттыл. Видеоконференцийы хуызы ныхас кодтой хицауады уæнгтæ, бæрнон структурæты разамонджытæ æмæ республикæйы медицинон куыстуæтты сæйраг дохтыртæ. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Битарты Вячеслав. Куыд радзырдта, афтæмæй бонæй-бонмæ рæзы, Цæгат Ирыстонмæ чи цæуы, уыцы туристты нымæц. Уымæ гæсгæ, фысымуæтты æмæ фæллауадзæн базæты æнæмæнг хъæуы Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы æппæт æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Санитарон мадзæлттæ æххæст кæнын хъæуы, цæмæй коронавирусы инфекцийы дыккаг уылæн не руадзæм, уый тыххæй. Æмбæлгæ медицицнон æххуыс кæнын та хъæуы се ппæтæн дæр, куыд республикæйы цæрджытæн, афтæ уазджытæн дæр. Уыимæ хъæуы фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы территориалон хайæдты, стæй рынчындæтты æмæ поликлиникæты æмархайд банывыл кæнын. Уыцы хæстæ æххæст кæнгæйæ, фадат уыдзæн, инфекци кæмæ хæццæ кæны, уыцы адæмы афоныл бæрæг кæнынæн. Уавæрмæ хъуамæ æппынæдзухдæр цæуа цæстдард. Уымæн гæнæн нæй, цæмæй туристты аххосæй эпидемийы ног уылæн райдайа, загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.  Æмбырды ма радзырдтой, оперативон кусæг къорд цы мадзæлттæ аразы, уый тыххæй. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Икъаты Мурат куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæтты хсæн COVID-ы уавæр у рæстæмбис. Фехъусын ма кодта, æрæджы дзæгъæл нæмыгæй йæ сæр кæмæн фехстой, уыцы лæппуйы уавæры тыххæй дæр. Йæхи хуыздæр æнкъарын райдыдта. Йæ бон сси дзурын æмæ цæуын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ, лæппуйы сæрмагонд бортæй аластой Мæскуымæ, Бурденкойы номыл нейрохирургийы центрмæ. Уымæн фæрæзтæ радих кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады резервон фондæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania