филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:58 воскресенье, 19 мая 2024
03 сентября 2019, 17:05
Паддзахадон думæйы депутаттæ дарддæр кусынц терроризмы ныхмæ мадзæлттыл

Уый тыххæй абон фехъусын кодта Вячеслав Володин.

Паддзахадон думæйы депутаттæ дарддæр кусынц терроризмы ныхмæ мадзæлттыл.

Уый тыххæй абон фехъусын кодта Вячеслав Володин. Паддзахадон Думæйы Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй «Мæскуыйы, Волгодонскы, Дубровкæйы театралон центры, Беслæны æмæ Уæрæсейы, стæй фæсарæнты дæр æндæр террористон актты амæттæгты ном арын – уый у æнæмæнг хъуыддаг. Уымæй дарддæр дунейы цæрджыты иу кæны ацы фыдбылызы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы». Вячеслав Володин ма куыд загъта, афтæмæй 11–12 октябры Стамбулы уыдзæн регионалон конференци. Уым æрныхас кæндзысты террористон организациты иумæйаг хыгъд саразыныл. Æмбырды архайдзысты Турчы, Ираны, Пакистаны, Афганистаны æмæ Китайы парламентты уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania