филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:57 среда, 01 мая 2024
05 марта 2024, 12:19
Паддзахадон думæйы комитеты сæрдар Ярослав Ниловæн Дзæуджыхъæуы уыд адæмимæ фембæлд

Депутат ма аныхас кодта Беслæны мадæлты комитетимæ дæр

Паддзахадон думæйы комитеты сæрдар, Уæрæсейы либералон-демократон партийы фракцийы разамонæджы хæдивæг Ярослав Ниловæн Дзæуджыхъæуы уыд адæмимæ фембæлд. Цæрджыты курдиæттæ баст уыдысты царды алы къабæзтимæ. Ярослав Нилов ма аныхас кодта Беслæны мадæлты комитетимæ дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фæсарæнтæй ласт машинæтæ регистраци кæнынимæ лыггæнинаг фарстатæ сæвзæрд мингай уæрæсейæгтæм. Сæ хыгъды Æгъуызарты бинонтæ дæр. Ахæм фарстаимæ æрбацыдысты Паддзахадон Думæйы фæллойы, социалон политикæйы æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Ярослав Ниловмæ.

Адæмимæ æппæтуæрæсеон фембæлд у, либералон-демократон партийы сæрдар Леонид Слуцкийы бæрнон адæмы, регионалон хайæдты координаторты, стæй партийы активистты ног хуызы куыст. Æрвылмæй партийы уæнгтæ æмбæлынц адæмимæ. Уый фæрцы ис цæрджыты риссаг фарстатæ базонын.

Риссагдæр фарстатæ – пенсийы индексаци, социалон фиддонтимæ къуылымпыдзинæдтæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады фарстатæ, гуманитарон æххуыс кæнын. Депутат сæмбæлд Беслæны мадæлтимæ дæр.

Ярослав Нилов куыд загъта, афтæмæй адæмы курдиæттæ дæттынц, закъоны проекттыл æмæ хъæппæристы бакусыны фадат.

Уый размæйы 4 ахæм фембæлдмæ Уæрæсейы либералон-демократон партимæ адæмæй уыд 63 мин курдиатæй фылдæр. Ацы куыст æххæстгонд цæудзæн дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania