филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:01 вторник, 03 ноября 2026
22 августа 2026, 14:26
Паддзахадон думæмæ 9-æм æмбырды депутатты æвзæрстытæм цæттæ кæныны сæйраг фарстатыл æрдзырдтой республикæйы æвзарæн къамисы

Республикæйы иумандатон зылды бюллетентæ фыццаг хатт фæзындзысты уырыссаг æмæ ирон æазæгтыл

Паддзахадон думæмæ 9-æм æмбырды депутатты æвзæрстытæм цæттæ кæныны сæйраг фарстатыл æрдзырдтой республикæйы æвзарæн къамисы. æмбырды снысан кодтой æвзарæн бюллетенты текстытæ æмæ сæ территориалон къамистыл куыд байуардзысты, уый. Республикæйы иумандатон зылды бюллетентæ фыццаг хатт фæзындзысты уырыссаг æмæ ирон æазæгтыл. Документы федералон хай дæр тæлмацгонд æрцæудзæн ирон æвзагмæ. Фембæлды сфидар кодтой хæлттæ ппарыны бæрæггæнæнтæ, лæвар эфиры рæстæг æмæ мыхуыры фæрæзты куыстæй спайда кæныны фæтк Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты агъоммæ. Федералон зылдæй бюллетены бæрæггонд уыдзысты 10 политикон партийы, 30-æм иумандатон зылды регистрацигонд ис 8 кандидаты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania