филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:04 суббота, 27 апреля 2024
21 сентября 2021, 12:23
Паддзахадон думæмæ æвзæрстыты Цæгат Ирыстоны фæуæлахиз ис парти Иугонд Уæрæсе

Центрон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ парти æрæмбырд кодта хъæлæсты 71 проценты

Паддзахадон думæмæ æвзæрстыты Цæгат Ирыстоны фæуæлахиз ис парти Иугонд Уæрæсе. Центрон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ парти æрæмбырд кодта хъæлæсты 71 проценты. Дыккаг бынаты Уæрæсейы коммунистон парти. Схъæлæс ыл кодтой æвзарджыты 11 проценты. Æртыккаг бынаты – парти «Справедливая Россия — За правду» — дæс проценты, цыппæрæм бынаты  Уæрæсейы либералон-демократон парти – иу æнæхъæн æмæ фондз дæсæм хай проценты. Иумандатон зылды фæуæлахиз Таймазты Артур – æрæмбырд кодта хъæлæсты 76 проценты. Дыккаг бынаты Бестауты Сослан – фондз æнæхъæны æмæ фондз дæсæм хай проценты, æртыккаджы та Дыдарты Сослан – фондз æнæхъæны æмæ æртæ дæсæм хай проценты.

Уымæй уæлдай сбæрæг сты хъæуты администрациты разамонджытæ. Гæлиаты хъæуы хицау ссис Хъæрджынты Сергей, Уыналы – Мæргъиты Тамерлан, Мустыздæхы та Æрсæгты Хæмыц. Республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй территориалон æвзарæн къамисты цæстдарджытæй хъæстытæ не рбацыд. Æдæппæтæй нæ республикæйы схъæлæс кодтой æвзарджыты 86 æнæхъæны æмæ 6 дæсæм хай проценты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania