филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 пятница, 03 мая 2024
26 января 2024, 11:26
Парламентаритæ æркастысты республикæйы исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министрады куысты хатдзæгтæм

Парламенты депутат Хæдарцаты Аслæнбег куыд загъта, афæмæй æххæстгæнæн оргæнтæ хъуамæ бæрæггæнæнты тыххæй дзуапп дæттой алы кварталы дæр

Парламентаритæ сæ радон кусæг æмбырды цы фарстатæм æркастысты, уыдоны хсæн, республикæйы бюджетæй Цæгат Ирытоны исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад куыд спайда кодта, уый хатдзæгтæ. Республикæйы цæстдарæн-нымайæн палатæйы минæвæрттæ Парламенты Советы æмбырды фехъусын кодтой, афæдзы куыстæн хатдзæгтæ кæнгæйæ  бухгалтерон хæсты тыххæй цы мадзæлттæ сарæзтой, уыдоны бæрæггæнæнтæ. Цæстдарæн оргæнты ргом фылдæр здæхт у республикæйы исбонæй æмæ хъæууонхæдзарадон зæххытæй куыд  пайдагонд цæуы, уымæ. Парламенты депутат Хæдарцаты Аслæнбег куыд загъта, афæмæй æххæстгæнæн оргæнтæ хъуамæ бæрæггæнæнты тыххæй дзуапп дæттой алы кварталы дæр. Ам ма ныхас цæуы, цæмæй хатдзгæтæ æхсæнадæн дæр æвдыст цæуой, ууыл. Спикер Тускъаты Таймураз бахæс кодта, фылдæр ргом аздахын паддзахадон унитарон куыстуæттæм, сæ куысты ахадындзинадмæ сын æркæсын. Парламенты сæрдар ма бизнес æхсæнадмæ æмæ паддзахадон оргæнтæм фæсидт, цæмæй алывæрсыг æххуыс цæуа æрыгон амалхъом адæмæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania