15 августа 2026, 09:40
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæй хаст æрцыд 16 мин хъæппæрисæй фылдæр
Баст сты горæттæ æмæ хъæутæ аив кæнынимæ, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты арæзтадимæ, социалон æххуысимæ
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæй хаст æрцыд 16 мин хъæппæрисæй фылдæр. Баст сты горæттæ æмæ хъæутæ аив кæнынимæ, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты арæзтадимæ, социалон æххуысимæ. Фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бирæ фæндонтæ баст сты хæстонтæн фронты æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнынимæ. Æппæт бæстæйы Адæмон программæ аразыны архайдта 3 милуан адæймагæй фылдæр. Программæйы кæронбæттæн хуыз фидаргонд æрцæудзæн 22-æм августы партийы съезды Мæскуыйы. Уый суыдзæн «Иугонд Уæрæсейы» куысты бындур хæстæгдæр 5 азмæ.
темæмæ гæсгæ




