филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:05 суббота, 04 мая 2024
01 ноября 2022, 11:21
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады кусæг къорд уыд Алагиры, æмæ æркасти дыууæ рæвдауæндоны уавæртæм

Уым «Адæмон программæ» æххæст кæнгæйæ арæзт æрцыдысты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады кусæг къорд уыд Алагиры, æмæ æркасти дыууæ рæвдауæндоны уавæртæм. Уым «Адæмон программæ» æххæст кæнгæйæ арæзт æрцыдысты уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Цæмæй баззадысты разыйæ бæрнон кусджытæ, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Сабиты æгæрон уарзтæй уарзын æмæ сыл аудын. Сывæллæтты æртыккæгæм рæвдауæндоны уæлæмхасæн арæзтад фæзынд ацы аз февралы. Ног ахуыры аз та йæ дуæрттæ байгом кодта алагираг сабитæн. Хорз уавæртæ саразыныл архайынц хъомылгæнджытæ сæхæдæг дæр. Хъазæн уат саив кодтой алыхуызон цæрæгойты хъазæнтæй. Ныртæккæ та архайынц ирон къуым саразыныл. Хъæбæр гæххæттæй æмæ бæмбæгæй уал скодтой хæххон пейзажы инсталляци. Рæвдауæндоны ног бæстыхай стыр нæу. Ис дзы 3 хъазæн уаты, хуыссæн уат æмæ хæрæн бынат. Хæрианг та сын цæттæ кæнынц Алагиры 4-æм скъолайы хæрæндоны, æмæ йæ рбаласынц рæвдауæндонмæ. Коллективы кусджытæ сæ зæрдæ дарынц, сæхи хæринаггæнæн блок сын кæй фæзындзæн, ууыл. Фæлæ уал рæвдауæндон зæрдиагæй исы иннæ лæвæрттæ.

Хъазæн уаты хъазæнтæ ис алы кары сывæллæттæн. Æппæты кæстæртæ ахуыр кæнынц хуызтæ æмæ формæтæ. Уымæй дарддæр ахуыр кæнынц кърандæстыл æмæ фломастертыл хæцыныл. Хистæр кары сывæллæттæн та бацæттæ кодтой зондахаст парахат кæныны хъæзтытæ.  Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы десант бæлвырд æркасти рæвдауæндоны уавæртæм æмæ сæ кусæнгæрзтæм. Хицæнæй æркастысты ирхæфсæн фæзмæ. Инспекци скодтой ноджыдæр иу уæлæмхасæн арæзтадæн. Дыууæ арæзтады дæр конд æрцыдысты иу проектмæ гæсгæ. Партийы регионалон хайады кусæг къорд æркасти хъазæн æмæ хуыссæн уæттæм, стæй хæринаггæнæн блокмæ. Нырыккон домæнтæн дзуапп дæттынц, æви нæ, уымæ. Хъæддзауама конд æрцыд экологон æгъдауæй сыгдæг æрмæгæй. Хуыссæнгæрзтæ дæр афтæ.

Мониторинг цыди партийы «Адæмон программæмæ» гæсгæ. Скодтой йæ республикæйы цæрджыты курдиæттæ хынцгæйæ. Алагиры рагæй хъуыди рæвдауæндæтты арæзтад æмæ цалцæг скæнын. Ацы аз ма эксплуатацийы радтой ноджыдæр дыууæ объекты. Се ппæт дæр дзуапп дæттынц сæйраг домæнтæн. Дыууæ рæвдауæндоны дæр ис фæйнæ 54 бынаты. Уый фæрцы та рад зынгæ фæкъаддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania