филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:43 вторник, 03 ноября 2026
16 мая 2026, 09:54
Партион десантмæ гæсгæ Дыгуры районы сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы бынæттон хайады секретарь Цагъаты Сослан федта, районы цы социалон объекттæ арæзт æмæ цалцæггонд цæуынц, уыдон

Кусæг балцы ма архайдтой партийы активисттæ æмæ районы æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ

Партион десантмæ гæсгæ Дыгуры районы сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы бынæттон хайады секретарь Цагъаты Сослан федта, районы цы социалон объекттæ арæзт æмæ цалцæггонд цæуынц, уыдон. Кусæг балцы ма архайдтой партийы активисттæ æмæ районы æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ. Бабæрæг кодтой Урсдоны скъола. Цалцæггæнæн куыстытæ дзы цæуынц тагъд æмæ иттæг хорз. Хъарманы скъолайы цалцæгмæ æрæджы бавнæлдтой, ныртæккæ дзы халынц бæстыхайы зæронд сæр, рудзгуыты рамæтæ. Дур-Дуры аивгонд цæуы 2-æм скъола, аразынц ма дзы сывæллæтты рæвдауæндон. Партион проекты архайджытæ федтой Дигорайы рæвдауæндон «Улыбка»-йы цалцæггæнæн куыстытæ. Цагъаты Сослан æппæт объектты уавæрæн дæр бæрзонд аргъ скодта. Районы разамынд республикæйы сæргълæууæгæн раарфæ кодта, федералон æмæ регионалон проекттæ царды уадзыны фарстайы сын алывæрсыг æххуыс кæй кæны, уый фæдыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania