филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:14 среда, 08 мая 2024
15 ноября 2022, 11:22
Патриарх Кирилл бабæрæг кодта Цæгат Ирыстон

Фембæлд дины кусджытимæ æмæ сарæзта аргъуыд Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кафедралон аргъуаны

Мæскуыйы æмæ æппæт Уырысы Патриарх Кирилл бабæрæг кодта Цæгат Ирыстон. Фембæлд дины кусджытимæ æмæ сарæзта аргъуыд Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кафедралон аргъуаны. Мадзалы архайдтой Уæрæсейы Федерацийы Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новак, Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Сæрмагонд аргъуыды фæстæ Патриарх саккаг кодта чырыстон хæрзиуджытæ. Сергей Меняйлойы æмæ премьер Дзанайты Барисы схорзæхджын кодта сыгъдæг  кънйаз Даннил Мæскуыйагы дыккаг къæпхæны ордентæй. Æртыккаг къæпхæны ордентæ та радта Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артурæн, культурæйы министр Галазты Эдуардæн æмæ республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасимæн та лæвæрд æрцыд архиепископы ном.

Патриарх бабæрæг кодта Беслæн дæр. Теракты амæттæгты ном æрхъуыды кодта мемориалон комплекс «Зæдты горæты». Уый фæстæ та сарæзта аргъуыд фыццаг скъолайы спортзалы. Федта скъолайы бæстыхай дæр, стæй дзы цы аргъуан арæзт цæуы, уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania