филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:02 четверг, 13 июня 2024
09 января 2020, 13:14
Павлодольскæйы хуыйæн фабрикæ фæнд кæны йæ архайд фæпарахатдæр кæнын

Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæг æргом аздæхта, цæмæй районы каст æрцæуа хуыйæджы дæсныйадмæ.

Мæздæджы районы цæрджытимæ фембæлды та Павлодольскæйы фабрикæйы разамынд республикæйы сæргълæууæгæн фехъусын кодтой, кæй сæ фæнды сæ куыстуаты архайд фæуæрæхдæр кæнын. Фæлæ сæ районы хуыйджытæ кадавар сты, уымæ гæсгæ Битарты Вячеслав сывæрдта хæс, ацы фарстамæ æркæсын. Куыд кусы фабрик, æмæ цы хуызы лыггонд цæуы фарста, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Эксперименталон, афтæ хонынц цех, уæлæдарæс хуыны хъуыддаг кæм райдайы. Ам специалисттæ компьютеры фæрцы аразынц хицæн хæйттæ, уый фæстæ сыл бакусы технолог. Сæ нысан у бахуыйын нырыккон, æнцондарæн уæлæдарæс.

Фабричы цехтæ ифтонг сты нырыккон хуыйæн машинæтæй. Компьютертæй кæй пайда кæнынц, уый та ахады хæрзхъæддзинадыл æмæ продукцийы рауагъдыл.

Юлия Болотокова уæлæдарæс хуыйы 18 аздзыдæй. Салдаты худ куы сарæзта, уæд сæрыстырæй загъта, цымыдисæй кæй хуыйы нæ бæстæйы хъахъхъæнджытæн уæлæдарæс.

Ныртæккæ фабричы фæллой кæны 30 адæймаджы. Бирæ азты хуыйынц фæллад уадзынæн спортивон уæлæдарæс. Сæ къурткæты æмæ костюмты адæм цæуынц цуаны, кæсаг ахсынмæ, стæй къæдзæхты бырынмæ.

Фабричы разамынд фæнд кæны, сæ архайд фæуæрæхдæр кæнын, уыимæ та фæзындзысты куысты бынæттæ. Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæг æргом аздæхта, цæмæй районы  каст æрцæуа хуыйæджы дæсныйадмæ. Афтæ Мæздæджы механикон-технологон техникумы байгом кодтой сæрмагонд курсытæ. Павлодольскæйы фабричы куысджытæ мызд исынц æнæ къуылымпыйæ, хæрзхъæд уæлæдарæс бахуыйгæйæ та йæ бæрц кæны фылдæр

Бынæттон фабрик заказтæ исы æппæт Уæрæсейæ, уый та ууыл дзурæг у, æмæ куыстуатæн ис райрæзты хъомыс. Æрмæст хъæуы ног кадртæ бацæттæ кæнын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania