филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 суббота, 04 мая 2024
25 октября 2022, 11:31
Павлодольскæйы станицæйы ныссагътой кæрз бæласы 14 мин æмæ 500 талайы

Æппæтуæрæсеон акци «Сохраним лес»-ы бацархайдтой 200 адæймагæй фылдæр

Павлодольскæйы станицæйы ныссагътой кæрз бæласы 14 мин æмæ 500 талайы. Æппæтуæрæсеон акци «Сохраним лес»-ы бацархайдтой 200 адæймагæй фылдæр. Сты алы ведомствоты минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ волонтертæ. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй  бæлæстæ ныссагътой 3 мины æмæ 500 гектары фæзуатыл. Хъæд бахъахъхъæныны æппæтуæрæсеон акци царды уадзынц, национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ. Æдæппæтæй дзы бацархайдтой нæ бæстæйы 82 регионы минæвæрттæ. Акци саразыныл бакуыстой Уæрæсейы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы Министрад, хъæды хæдзарады Федералон агентад æмæ æрдза хъахъхъæныны Æппæтуæрæсеон æхсæнад. Се вæрæн æм бахастой Адæмон фронты фæсивæдон командæйы уæнгтæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania