филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:07 четверг, 02 мая 2024
05 февраля 2021, 10:52
Педагогон кусджыты статус фæбæрзонддæр кæныны фарстатыл ныхас цыди парламенты советы æмбырды

Федералон закъоны проект баст у бæстæйы ахуыргæнджыты финансон æххуысимæ

Педагогон кусджыты статус фæбæрзонддæр кæныны фарстатыл ныхас цыди республикæйы парламенты советы æмбырды. Федералон закъоны проект баст у бæстæйы ахуыргæнджыты финансон æххуысимæ. Уый, куысты мызд фæфылдæр кæнын, ахуыргæнджыты уавæртæ хуыздæр кæнын, уæлдайдæр та йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллæттимæ чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæн. Парламенты комитетты минæвæрттæ æрныхас кодтой промышленносты, хъæууон хæдзарады, социалон къабазы, цæрæнуæтты-коммуналон политикæйы, стæй коррупцийы ныхмæ тох кæныны фарстатыл. Стыр æргом здæхт æрцыди арæзтадон къабазы закъоны проектмæ. Амынд дзы ис газуарæг хызтæм хæстæг арæзтадон объектты тыххæй административон æфхæрд æййафын. Парламенты уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй закъон фыццаджыдæр хауы республикæйы цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæнынмæ. Фæлæ комитеты минæвæртты иу хайы хъуыдымæ гæсгæ та уыцы ногдзинад ратдзæн æрмæстдæр фылдæр гæххæттыты куыстæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania