филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 пятница, 17 мая 2024
06 июля 2022, 11:16
Пейтболæй командæ «Big Tuck» Цæгат Ирыстонæй Уæрæсейы Кубок рамбулыны ерысты къæпхæны сси уæлахиздзау

Уæвгæ та спорты ацы хуыз нæ республикæйы нырма афтæ парахат нæу

Пейтболæй командæ «Big Tuck» Цæгат Ирыстонæй Уæрæсейы Кубок рамбулыны ерысты къæпхæны сси уæлахиздзау. Уæвгæ та спорты ацы хуыз нæ республикæйы нырма афтæ парахат нæу. Лæппутæн сæ тренировкæтæ профессионалон æмвæзадыл нæ цæуынц. Сæ уавæртæ фылдæр сты хуымæтæг спортуарзджыты хуызæн. Иуæй – командæйæн нæй сæрмагонд фæз æмæ кусæнгæрзтæ, фæлæ сæм ис сæйраг хъуыддаг – уæлахизмæ тырнындзинад. Спорстментимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гæджиты Сослан.

Иу фæз æмæ спорты дыууæ хуызы. Цæмæй пейнтболисттæн сæ тренировкæтæ куыд æмбæлы, афтæ ацæуой, уый тыххæй сæ хъæуы сæ фæзуат дих кæнын. Афтæмæй та командæ «Big Tuck»-æн  фадат фæзынд хорз бæрæггæнæнтæ равдисынæн. Ацы фæсивæд сæхи иттæг хорз æвдисынц нæ бæстæйы иннæ спорсментимæ æмрæнхъ.

Мысан æхсæн тренировкæтæ командæйæн цæуынц гом фæзы, пейнтболæй хъазынæн. Фæлæ ам дæр хъуыды кæнын хъæуы лыстæг хъуыддæгтыл. Профессионалон кусæнгæрзты бæсты пайда кæнынц машинæты цæлхытæй. Уæдæ профессионалон уæлæдарæсимæ дæр къуылымпытæ. Лæппутæ цы хæцæнгарзы хуызтæй архайынц, уыдонæй ерысты пайда кæнæн нæй. Уымæ гæсгæ сын æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ сæ рæстæгмæ ракурынц иннæ командæтæй. Афтæ уыди Ростовы турниры дæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ уырдыгæй  «Big Tuck» ссыди уæлахизимæ. Йæхи дивизионы бацахста фыццаг бынат.

Цæгат Ирыстоны пейнтбол æппæтæй парахатдæр спорты хуыз нæу. Федераци аккредитаци ацыди фарон. Фæлæ нæ республикæйы ныридæгæн ис æртæ профессионалон командæйы. Тренировкæтæм ардæм æрбацæуынц спортсментæ Цæцæны æмæ Мæхъæлы республикæтæй, стæй Кæсæг-Балхъарæй дæр. Тренировкæтæгæнæн фæзтæ кæй нæ фаг кæнынц, уый тыххæй фæцæуынц къуылымпытимæ. 2023-æм азмæ пейнтболы федераци нысан кæны профессионалон фæз саразын. Хъуамæ фæзына Заводскойы поселочы.

Уыцы фæзы ма фæнд кæнынц Уæрæсейы Кубок рамбулыны ерысты иу къæпхæн саразын. Уыдзæн 2023-æм азы. Уымæй дарддæр спортсментæн фадат уыдзæн хæрзхъæд æмæ ахадгæ тренировкæтæ кæнынæн дæр. Федерацийы зæгъынц, профессионалон фæз спортсменты ракæндзæн Уæрæсейы иугонд командæйы архайыны аккаг æмвæзадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania