филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:28 пятница, 03 мая 2024
12 октября 2023, 11:42
Плиты Ален сси пауэрлифтингæй Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау

Нæ программæйы уæ базонгæ кæндзыстæм æнтыстджын спортсмен Плиты Аленимæ.  Сси æппæтуæрæсеон турниры уæлахиздзау пауэрлифтингæй. Афтæмæй фæфылдæр кодта республикæйы хæрзиуджыты нымæц. Спорты ацы хуызæй турнир ын сси фыццаг. Ален у бирæвæрсыг спортсмен. Фæархайы æмхæццæ хъæбысхæсты хуызты дæр. Уымæй уæлдай ма йæм ис тренеры фæлтæрддзинад дæр. Кæй бацæттæ кæны, уыцы спорстментæ алыхуызон ерысты вæййынц фыццæгты æмрæнхъ. Атлеты тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бодибилдингы категорийы атлет – менс-физик, Уæрæсейы чемпионаты призер, бирæ хæттыты чемпион. Плиты Алены спортивон карьерæйы чысыл уæлахизтæ нæй. Уыимæ спорты алы хуызты. Куыд зæгъы, афтæмæй алцыдæр аразгæ у зæрдæйы ахастæй.

Плиты Ален спортæй архайын райдыдта йæ сабибонтæй йæ ныййарджыты фæзмынгæйæ. Йæ мад у спорты мастер рог атлетикæйæ, йæ фыд йæ цард-цæрæнбонты архайдта уæгъдибар хъæбысхæстæй. Хъæбысхæст, дзюдо, футбол… лæппу равзæрста бодибилдинг. Металлы дзыгъал-мыгъул, æмæ хи фæразондзинад фæлварын у Алены царды хай.

Æрæджы республикæйы æппæты æнтыстджындæр бодибилдер сси пауэрлифтингæй турниры уæлахиздзау –уый йын у ног дисциплинæ. Ален ерыстæм цæттæ кодта æндæр спортсмены, фæлæ уымæн фæстаг минут нæ бантыст йæ тыхтæ бавзарын. Ног фæлварæн æмæ та ног уæлахиз.

Спортæй уæлдай ма Плиты Ален царды ис ноджыдæр иу зæрдæмæдзæудгæ хъуыддаг – музыкæ. Фæстаг турниры спортмен рацыд йæхи трекы зæлтæм. Адæмы зæрдæмæ фæцыд. Музыкæ фæллад уадзынæн, стæй тренировкæтæн дæр, зæгъы спортсмен.

Йæ фæллойы руаджы Плиты Алены къухы бафтыд спортивон æнтыстдзинæдтæ. Разæй ма йæм бирæ уæлахизтæ æнхъæлмæ кæсы, æмæ æрмæст спорты нæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania