Бафснайдтой территори, æмæ афтæмæй бындур сæвæрдтой арæзтадон куыстыты радон къæпхæнæн
Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл 166-æм мысанæхсæн полчы æфсæддонтæ, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы минæвæрттæ, стæй хицаудзинады уæнгтæ сарæзтой зиу Уæлахизы парчы. Бафснайдтой территори, æмæ афтæмæй бындур сæвæрдтой арæзтадон куыстыты радон къæпхæнæн. 2012-æм азы ам райдыдтой сыгъдæг къниаз Александр Невский номыл аргъуан аразын. Уæд куыстытæ бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ æрлæууыдысты. Ныртæккæ та сæ фæнд кæнынц ногæй райдайын. Ног арæзтад хаст æрцыд, дзуары хуызы конд чи у, æмæ нæ бæстæйыл аудæг чи у, Уæрæсейы ахæм аргъуанты хыгъдмæ. Ныридæгæн арæзт æрцыдысты æртæ аргъуаны, æмæ лæууынц нæ бæстæйы цæгаты, ныгуылæны æмæ скæсæйнаг хæйтты. Хуссайраг хайы та уыдзæн Дзæуджыхъæуы.




