филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:00 вторник, 03 ноября 2026
08 августа 2026, 10:07
Проект «Кавказаг къахвæндаджы» экспедицийы архайджытæ ныртæккæ кусынц Цæгат Ирыстоны

Иртасынц донгуырæнтæ, суадæттæ æмæ ног уаццæгтæ

Уæрæсейы æппæты рæсугъддæр маршрут саразын фистæгæйцæуæг балцытæн. Ахæм хæс сæвæрдтой сæ размæ, проект «Кавказаг къахвæндаджы» экспедицийы архайджытæ. Уыдон ныртæккæ кусынц Цæгат Ирыстоны. Иртасынц донгуырæнтæ, суадæттæ æмæ ног уаццæгтæ. Се ппæт дæр суыдзысты егъау маршруты хай Дербентæй Сочийы онг. Ацы аз уал цæттæ сты проекты 9 къæпхæны. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цæгат Ирыстоны территорийы экспедицийы архайджытæ балц кæнынц ныр 2 къуырийы. Кавказаг къахвæндаджы цъæх трекыл цыд у ног къæпхæн. Командæйы волонтертæ лæмбынæг иртасынц  радиалон маршруттæ, нысан кæнынц суадæттæ, æхсæвиуаты бынæттæ, цæмæй сæ уый фæстæ бахæссой Хъаспийæ Сау денджызы онг къахвæндаджы иумæйаг трассировкæмæ. Нæ республикæйы хæхты системæ фыццаг аз нæ иртасынц.

Ирина Грушанина æрмæст проект «Кавказаг къахвæндаг: денджызæй денджызмæ»-йы автор нæу, разæнгард кæны командæмæ чи æрбацæуы, уыдоны. Фистæгæй æрзылд бирæ бæстæтыл, уый фæстæ йæм сæвзæрд Уæрæсейаг Кавказы маршруттæ баиу кæныны фæнд. Ууыл йæ командæ ныр 6-æм сезон кусы, иртасы алы регионтæ. Ацы аз ис ногдзинад – фистæгцæуæн къахвæндæгтыл бафтыдысты велосипедонтæ.

Ирыстоны рæсугъддзинæдтимæ базонгæ уæвын æмæ Кавказыл балцы маршрут снысан кæнын ис проекты сайты. Ис дзы æппæт хъæугæ информаци. Абон сæйраг фæндаджы дæргъ у мин æмæ *рдæг километрæй фылдæр. Æмæ дзы бæлццæттæ активонæй пайда кæнынц. Нæ республикæйы сын цымыдисаг сты национ парк æмæ фæдзæхст бынат.

Проект «Кавказаг къахвæндаг: денджызæй денджызмæ»-йы автортæ æмæ «Фæдзæхст Ирыстон-Алани» ахадгæйæ æмархайд кæнынц. Иумæ сæххæст кодтой цымыдисаг хъуыдытæ.

Ирыстоны тыххæй æппæт ног информаци проекты сайты фæзындзæн 2027-æм азы туристон сезонмæ. Ацы аз Кавказаг къахвæндаджы 9 къæпхæны цæттæ сты. Алкæцыйæн дæр ис йæхи тректæ. Маршрутты рæстæмбис дæргъ у мин километры бæрц. Æппæт къахвæндæгты æмæ фæндæгты иумæйаг дæргъ та 2 мин 700 километрæй фылдæр. Проекты архайджыты нысан у Уæрæсейы саразын Дербентæй Сочийы онг æппæтæй рæсугъддæр маршрут. Æмæ ныры онг алцыдæр сæ къухы æфты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania