23 апреля 2024, 11:38
Прокуратурæ сбæлвырд кодта, бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайды зæххы закъонæвæрынад куыд æххæстгонд цæуы, уый
Сæрмагонд мадзалы рæстæг рабæрæг сты закъонхæлдтытæ
Цæгат Ирыстоны прокуратурæ сбæлвырд кодта, бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайды зæххы закъонæвæрынад куыд æххæстгонд цæуы, уый. Сæрмагонд мадзалы рæстæг рабæрæг сты закъонхæлдтытæ. Хауынц, хъæды фонды бæрны цы зæххы хæйттæ ис, уыдон адæмæн исбонмæ дæттыны фарстамæ. Закъонмæ гæсгæ уымæн гæнæн нæй. Республикæйы прокуратурæ тæрхондонмæ арвыста 100 курдиатæй фылдæр, цæмæй банымайа, адæмæн уыцы зæххы хæйттæн исбоны бар кæй нæй, стæй бартæ регистраци кæныны фыст цæмæй ист æрцæуа, уый фæдыл.