филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:45 вторник, 03 ноября 2026
21 марта 2025, 11:10
Радхæссæг-диспетчерон иумæйаг службæмæ алы бон дæр бацæуы сæдæгай дзæнгæрджытæ

Уыимæ цæрджыты тыхсын кæнынц алыхуызон фарстатæ

Радхæссæг-диспетчерон иумæйаг службæмæ алы бон дæр бацæуы сæдæгай дзæнгæрджытæ. Уыимæ цæрджыты тыхсын кæнынц алыхуызон фарстатæ. Службæйы кусынц алы къабæзты специалисттæ: сантехниктæй райдай, æмæ æндадзджытæй фæуы. Диспетчерон иумæйаг службæйы æрвылбоны куысты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Алы бон дæр иумæйаг радхæссæн-диспетчерон куыстуатмæ адæм бахæссынц  200-йæ  500 курдиаты. Зынгсирвæзтытæ, фæндаггон-транспортон цаутæ, коммуналон аваритæ… Иумæйаг диспетчерон куыстуат у Дзæуджыхъæуы æвæстиаты æххуысы службæты сæйраг координатор.  Куыст цæуы суткæгай. Диспетчертæ уайтагъд фæнысан кæнынц алыхуызон цаутæ.

Куыстуаты ис, æвæстиатæй бынатмæ ацæуынмæ цæттæ чи вæййы, ахæм бригадæтæ. Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы  сæ канализацийы цъай бырæттæй байдзаг.  Специалисттæ уайтагъд атындзыдтой ахуыргæнæндонмæ. Уыдонæй хорз æмбарынц,  цы уавæр дзы сæвзæрд,  уый æнæхъæн канализацийы системæйæн дæр, зианхæссæг кæй у, уый.  Уымæ гæсгæ фарста лыг кæнын хъæуы афойнадыл

Иумæйаг радхæссæн-диспетчерон службæ ифтонг у хъæугæ материалон-техникон фæрæзтæй. Йæ директор Дыгъуызты Феликс куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ куыстуат æмгуыстад кæны иннæ коммуналон хæдзарæдтимæ.

Службæмæ бадзурæн ис æхсæвæй бонæй, йæ телефоны номыр у 50-19-19.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania