филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:54 вторник, 03 ноября 2026
20 декабря 2024, 10:50
Радон æххуыс

«Адæмон фронт»-ы волонтер, Дигорайы минæвæртты сконды сæрдар, Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, хъæппæрисæй хæстонтæм фæхæццæ уыдзæн ахсджиаг æххуыс

Радон æххуыс. «Адæмон фронт»-ы волонтер Годзойты Гурамы, Дыгуры районы «Фæсивæды социализацийы Центр»-ы, Дигорайы минæвæртты сконды сæрдар Гуцаты Оледжы, стæй Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Цæрикъаты Аланы хъæппæрисæй хæстонтæм фæхæццæ уыдзæн ахсджиаг æххуыс. Цавæр? Уый федта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Дигорайы цæрæг Годзойты Гурамы мæт у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фарсхæст радтын. Ацы хатт дæр та, йе мбæлттимæ, архъуыды кодтой мыдадзын цырæгътæ скæнын æмæ сæ хæстонтæм фæхæццæ кæнын.

Годзойты Гурамæн йæ фырт дæр ис Сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты. Бабæрæг æй кодта цалдæр хатты, уымæ гæсгæ искæй ныхæстæй нæ зоны, уым фæсивæдæн цæмæй баххуыс кæнын хъæуы, уый. Гурам нын, йæ фыртæй сæрбæрзонд уæвгæйæ, равдыста йæ хæрзиуджытæ дæр.

Ацы фæсивæд тынг арфæйаг сты, сæ фарсмæ чи æрбалæууы, уыдонæй, сæйрагдæр та сæ фæнды Дыгуры районы сæргълæууæг Цагъаты Сосланæн, йе мбарынады тыххæй раарфæ кæнын.

Ныртæккæ алчидæр кусы Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæм æргом раздахыныл. Дыгуры районы минæврттæн дæр ацы хъуыддаг фыццаг нæу.

Гуцаты Олег æмæ Годзойты Гураммæ хъусгæйæ куыд нæй баууæндæн, хуæрзаудæн куыст кæнын кæй фæнда, уый фарсмæ алкæддæр зæрдæргъæвд адæм кæй æрбалæудзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania