филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:48 пятница, 03 мая 2024
31 января 2024, 11:23
Рæстæджы цыдимæ хуыздæр уавæртæ æмæ фылдæр гæнæнтæ фæзынд Хæзныдоны рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн æмæ сæ хъомылгæнджытæн

Кæд сæм паддзахадон æххуыс хæцццæ кæны, уæддæр хъæуы минæвæрттæ дæр се вæрæн хæссынц, кæстæр фæлтæримæ куыстæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразыны хъуыддагмæ

Рæстæджы цыдимæ хуыздæр уавæртæ æмæ фылдæр гæнæнтæ фæзынд Хæзныдоны рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн æмæ сæ хъомылгæнджытæн. Кæд сæм паддзахадон æххуыс хæцццæ кæны, уæддæр хъæуы минæвæрттæ дæр се вæрæн хæссынц, кæстæр фæлтæримæ куыстæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразыны хъуыддагмæ. Дæнцæгæн нын Сосранты Жаннæ æрхæсдзæн Хæзныдоны рæвдауæндон.

Ам æрмæст ныхæстæй нæ аргъ кæнынц сконд уавæртæн, фæлæ куыд фæзæгъынц, цæхæртæ калы Хæзныдоны рæвдауæндоны цæлгæнæн. Дамбегты Риммæйы æххуысы фæрцы зæрдиагæй цалцæггонд æрцыд.  Ныр сæ æрмæстдæр хъуыды кæнын хъæуы, сывæллæнттæн пайдадæр чи у, æхæм хæринаг скæныныл.

Уæдæ сывæллæтты ахуырадон процесс фæахадгæдæр кæныныл та  куыст цæуы æдзухдæр. Цæмæй уыцы хъуыддаг æмбæлгæ æмвæзадыл уа, уый тыххæй та рæвдауæндоны коллектив ацæуы сæрмагонд ахуыртæ.

Дзоблаты Женя æнусы рдæгмæ хæстæг  кусы сабиты зондахаст фылдæр кæныныл. Фæлæ ныр цы райдзаст æмæ æнцон архайæн уавæрты кусынц, ахæмтæ та сын никуы уыд.  Уый, æнæмæнг, бæрæг дары сæ удыхъæдыл. Ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ, æрвылбон сæ сабитæ фæтагъд кæнынц  рæвдауæндонмæ.

Хæзныдоны рæвдауæндонмæ ныртæккæ  цæуы 30 сывæллоны. Фарстайаг нал у рады лæууыны хъуыддаг, сæ сæйрагдæр мæт у сабитæн фылдæр зонындзинæдтæ æмæ рæвдыд раттын.

Рæвдауæндоны директор Таматы Алетæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы рæвдауæндоны цы бирæ гæнæнтæ ис, куыд ахуырадон программæтыл кусынæн, æмæ сабиты уды райдзаст æнкъарæнтæ тауынæн, ахæмтæ бирæ рæтты нæй.

Рæвдауæндон «Колосок»-ы ис дыууæ къорды. Хистæр кары сывæллæттæ, æмæ æртæ азы онг кæуыл цæуы, уыцы сабиты хъомыладыл куыст цæуы, алы хуызы дæр. Ныртæккæ се ргом раздахтой полилингвалон ахуырадæмæ дæр. Йæ фæрцы дыгурон  æвзагмæ æмхиц кæнынц кæстæр къорды хъомылгæнинæгты.

Хæзныдон кæд стырдæр хъæутæй нæу, уæддæр  йæ алы минæвар дæр цин кæны рæвдауæндоны уавæртыл. Ардыгæй саби скъоламæ бакъахдзæф кæны ахуырады фыццаградон хъуыддæгтæй æххæст уæвгæйæ. Уый та уыди ныййарджыты бæллиц. Алкæйы бон нæу, йæ сывæллоны скъоламæ цæттæ кæнынмæ Цыколамæ, кæнæ Дзæуджыхъæумæ ласын. Ам та къæпхæнгай райхæлы сæ зонындзинæдты къуыбылой æмæ сæ дарддæр фидардæр кæнынмæ бацæуынц Хæзныдоны скъоламæ. Хъæуæй рацæуæг амалхъом адæмы æххуыс та сæ алкæцыйыл дæр æвæры уæлдай хæс – дæ райгуырæн бæстæн, хъæуæн аккаг хъæбул суæвыны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania