филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:28 четверг, 02 мая 2024
05 июля 2022, 12:46
Рагон царды тæваг æмæ æнусты ирддæр цаутæ

Æрæфы районы хъæу Лескены цæрæг – коллекционер Бетрозты Аслæнбег йæ райгуырæн хъæу æнæкæрон уарзтæй кæй уарзы, уымæн æвдисæн у йæ зæрдиаг  куыст

Рагон царды тæваг æмæ æнусты ирддæр цаутæ. Æрæфы районы хъæу Лескены цæрæг – коллекционер Бетрозты Аслæнбег йæ райгуырæн хъæу æнæкæрон уарзтæй кæй уарзы, уымæн æвдисæн у йæ зæрдиаг  куыст. Аслæнбег 10 азы дæргъы æмбырд кæны историйыл дзурæг экспонаттæ, æмæ сæ равæрдта арвы бын музейы. Экспонатты хсæн – хæдзары дзаумæттæ, мигæнæнтæ, хæстон азты атрибутикæ. Алы предметы дæр – абарæн кæмæн нæй, ахæм истори. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у, бакæсæм Сосанты Жаннæйы сюжетмæ.

Ацы страустæ сæ хицауы зæрдæйы ахаст кæй æмбарынц, уый  гуырысхойаг нæу. Зæрдæхæлар, адæмуарзон, йæ фыдæлты историмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы Бетрозты Тазейы фырт Аслæнбег йе рыгон бонты хъуыды дæр никуы акодта абон йæ зæрдæйы цы æрæфтыд, ууыл. Фæлæ адæймагæн йæ удмæ хæстæг цы уа, уыцы хъуыддагæн дунемæ æнæ рахæссæн нæ вæййы.

Лескены хъæуы астæуты рацæугæйæ адæймаг æнабафиппайгæ нæ фæуыдзæн, уынджы цы диссаджы рагон дзаумæттæ æвæрд ис, уый. Схонæн æй ис уынджы музей.

 Алы æнусты  æмæ азты адæм кæмæй пайда кодтой, уыцы дзаумæттимæ ам æмбæлы  базонгæ уæвын. Бирæты дзы адæм хъуыды дæр нал кæнынц, фæлæ сæ рæстæджы та æнцондзинад хастой адæмæн.  Бетрозы-фырт сын сæ аивдзинадыл афтæ дзæбæх бакуыста, æмæ алы дурыл дæр фидаргонд чи рцыд, уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи  нысаниуæг. Уæдæ дзы алкæйы истори дæр афтæ дзæбæх зоны, æмæ йæм хъусынæй дæр адæймаг не фсæды.

Ис дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст экспонаттæ дæр. Уыдонæн Аслæнбег йæхи къухтæй скодта сæрмагонд бынат æмæ дзы кæстæр фæлтæры бон у  базонын бирæ хъуыддæгтæ, уыцы уæззау рæстæгæй. Уынджы цы экспонаттæ ис, канд уыдон дæр адæймаджы уырнын  кæнынц, нæ фыдæлтæ тыхджын æмæ зондджын кæй уыдысты, ууыл. Ахæм дзаумæттæ хи къухæй кæнын раздæры рæстæджы æнцон хъуыддаг нæ уыд, фæлæ нæ фыдæлтæ та арæхстысты æмæ кодтой амæлттæ. Алы экспонатыл дæр дис кодтон сывæллонау, фæлæ мæм дарддæр цы æнхъæлмæ каст, уый та кæцæй æмбæрстон. Кæртмæ  бацæугæйæ мæ Аслæнбег ныххуыдта асинтыл, æмæ мæхи банкъардтон  цавæрдæр, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм уæлдæфы мидæг. Уаты  цæры удæн æхцондзинад хæссæг комулæфт.Аслан куыд зæгъы, афтæмæй ам ис 500 экспонатмæ хæстæг. Æмбырд та сæ кæны дæс азмæ хæстæг. Йæ фыццаг баркадджын экспонатты кой дæр нын æнæ ракæнгæ нæ фæци.

 Афтæмæй историон цауты æвдисæндартæ иугаййæ сбирæ сты Бетрозты хæдзары. Музейы хицæн бынат ахсынц лескейнаг Бериты Æхсарбеджы куыстытæ.

Музейы ссарæн ис алы къабæзтимæ баст цымыдисаг æрмæджытæ. Хъæуы сæргълæууæг Текъаты Артуры ныхæстæм гæсгæ Асланы хуызæн хъæппæрисджын адæм фылдæр куы уаид сæ фарсмæ, уæд Лескены фидæн ноджы æнæзæрдæхсайгæдæр  уыдзæн.

Ахæм музейтæ, æвæццæгæн, дунейы дæр бирæ нæй. Уымæ гæсгæ Æрæфы районы Лескены сæйраг уынгыл цæуджыты дæр, ацы экспонаттæ дисы бафтауынц, æмæ сæ сæ къах ардыгæй нал фæххæссы, уыцы цау арцыд мæныл дæр.

Сосранты Жаннæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania