Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын
Райдыдта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст æмдзæвгæты конкурс «Поклонимся матери солдата». Мадзал арæзт цæуы 8-æм хатт. Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын. Ацы аз дыууæ номинацийы хи фыст æмдзæвгæтæ мадæлон æмæ уырыссаг æвзæгтыл аив бакæсын, куыд скъоладзауты, афтæ хистæр кары адæмы хсæн дæр. Куыстытæ 28-æм апрелы онг æрбарвитæн ис сæрмагонд электрон адрис ket.poesy@mail.ru.-мæ. Æппæт æрмæджытæ дæр мыхуыргонд цæудзысты телеграм канал Арфæгонд хабæртты. Финалисттæ хуынд æрцæудзысты 6-æм Майы Хæзныдоны Фыдыбæстæйы Стыр Уæлахизы кадæн мадзæлмæ. Арæзт æрцæуы, «Салдаты мады» цыртдзæвæны цур. Æвæрд æрцыд 8 азы размæ Хæзнидоны фæрнджын адæймаг, Хъамболты Аркадий фырт Мараты фæрцы,.Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ финæлистты куыстытæй та конд æрцæудзæн сæрмагонд чиныг. Мадзалы рæстæг ма арæзт æрцæуы футболон турнир «СОЗО».




