филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:26 пятница, 03 мая 2024
20 февраля 2024, 11:53
Райдыдта хъæлæсгæнджытæм Уæрæсейы президенты æвзæрстыты тыххæй адрисон информаци хæццæ кæныны куыст

Республикæйы участокты æвзарæн къамисты уæнгтæ зилынц фатертыл

17-æм февралы райдыдта хъæлæсгæнджытæм Уæрæсейы президенты æвзæрстыты тыххæй адрисон информаци хæццæ кæныны куыст. Республикæйы участокты æвзарæн къамисты уæнгтæ зилынц фатертыл. Базонæн сæ ис æнцонæй. Ис сæм сæрмагонд хызынтæ, нысантæ, бейджтæ, æвдисæндартæ, сæ къухты – планшет æмæ æвзæрстыты тыххæй информацион æрмæджытæ. Къамисты уæнгтæ, сæрмагонд мобилон æфтуаны цы анкетæ ис, уымæ гæсгæ æмбырд кæнынц хъæлæсгæнджыты тыххæй информаци. Республикæйы цæрджытæн ма æмбарын кæнынц, се *взарæн хай куыд ссарой, хæдзары кæнæ та æндæр хуызы схъæлæс кæнын куыд ис, уый. Ахæм куыст къамисты уæнгтæ  кæндзысты 7-æм мартъимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania