филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:30 пятница, 03 мая 2024
25 июля 2023, 11:22
Раззагазиаг леопард Чилмасы рауагътой Турмоны фæдзæхст бынаты

Нæ республикæ ныр 4-æм хатт суазæг кодта хъæддаг сырдты нæхи территорийы.

Раззагазиаг леопард Чилмасы рауагътой Турмоны фæдзæхст бынаты. Нæ республикæ ныр 4-æм хатт суазæг кодта хъæддаг сырдты нæхи территорийы. Ардыгæй сæ бон у сыхаг регионтæм ацæуын, уыимæ историон миграцион маршруттыл. Цæгат Ирыстоны Чилмасæн радтой ног ном – Чермен. Къуырийы размæ Кавказы фæдзæхст бынатæй хъæддаг æрдзмæ рауагътой Чермены хо Ачипсейы. Ныртæккæ ис Адыгейы. Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй барстæ раздахыны фæрцы бантысдзæн æрдзы хъæздыгдзинад æмæ экологон системæты алывæрсыгдзинад бахъахъхъæнын.

 XX-æм æнусы астæумæ раззагазиаг леопард уыд Кавказы æрдзы парахат сырд. Фæлæ сæ кæй куынæг кодтой, уымæ гæсгæ сæ нымæц зынгæ фæкъаддæр. Леопардты хъæддаг цардмæ цæттæ кæнынц, абарæн кæмæн нæй, ахæм программæмæ гæсгæ. Бакуыстой йыл Сочийы национ парчы наукон кусджытæ. Раздæр ахæм куыст ничи кодта. Специалисттæ бæстон кæсынц, цæрæгойтæ сæхи куыд дарынц, уымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania