Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы æрдзон æвæрæнты Министрады телеграм-каналтæй иу
Дыууæ къуырийы размæ хъæддаг æрдзмæ кæй рауагътой, уыцы раззагазиаг леопардтæ фесты алырдæмты, æмæ сты Цæгат Ирыстоны хъæдты. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы æрдзон æвæрæнты Министрады телеграм-каналтæй иу. Куыд фæбæлвырд кодтой, афтæмæй Лео ацыд хуссарырдæм. Адарддæр 5 километры æмæ 500 метры национ парк «Алани»-йы арæнтæм хæстæг. Хостæ та æрбынæттон, кæм сæ рауагътой, уымæй 3 километры фалдæр. Лаурæ, зæгъæн ис, æмæ абалц кодта дарддæр. Уыцы бынатæй рацыд 10 километры, æмæ ныртæккæ ис Турмоны фæдзæхст бынаты цæгат-ныгуылæн фарсы рдыгæй. Леопардтæн сæ къухы нырма уæлдай ницы бафтыд, фылдæр сæ фæллад уадзынц. Æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Арæх хъæддаг сырдтæ сæхи афтæ фæдарынц, æрдзмæ сæ куы рауадзынц, уæд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 16-æм июлы раззагазиаг леопардты Лео, Хостæ æмæ Лаурæйы рауагътой Цæгат Ирыстоны хъæддаг æрдзмæ. Æрбаластой сæ Сочийы сæрмагонд центрæй. Раздæр уал цæрæгойты фæлвæрдтой, хибарæй сæ бон цæрын уыдзæн, æви нæ, уымæй. Леопардтыл цæуы дыгай азтæ. Хъæддаг гæдытæ суыдзысты чысыл къорды уæнгтæ. Ныртæккæ уый æрбынæттон Центрон Кавказы.




