филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:23 воскресенье, 19 мая 2024
26 августа 2020, 11:58
Регионалон арæзтадон къабазы райрæзты фасртатыл æрдзырдтой Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Кæсæбиты Игоры разамындæй арæзт æмбырды

Архайдтой дзы астæуккаг æмæ чысыл бизнесæн æххуысгæнæг банчы минæвæрттæ æмæ компани «ПИК»-ы къорды уæнгтæ

Регионалон арæзтадон къабазы райрæзты фасртатыл æрдзырдтой Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Кæсæбиты Игоры разамындæй арæзт æмбырды. Архайдтой дзы астæуккаг æмæ чысыл бизнесæн æххуысгæнæг банчы минæвæрттæ æмæ компани «ПИК»-ы къорды уæнгтæ. Уазджытæн æгасцæуай зæгъгæйæ Кæсæбиты Игорь бафиппайдта, арæзтадон проекттæ царды рауадзын республикæйы хицауадæн кæй у ахсджиагдæр фарстатæй иу. Цæмæй бынæтон арæзтадон компанитæн фадат уа базарады хуыздæр хомæгтæй архайынæн.  Чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысгæнæг банчы æмæ «ПИК»-ы компанийы минæвæрттæ бизнес æхсæнадæн скодтой æмгуыстады проекты презентаци. Дыууæрдыгæй дæр æрныхас кодтой технологон æмгуыстады ахадындзинадыл. Уый фадат дæтты  корпоративон разамындзинæды æппæтадæмон стандартты фæлгæты кусынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania