филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:02 вторник, 03 ноября 2026
02 июня 2021, 14:03
Регионы квадратон метрты аргъ фæкъаддæр кæнынæн ис гæнæн — Сергей Меняйло

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг бахаста фæндон, арæзтады фæткмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Регионы квадратон метрты аргъ фæкъаддæр кæнынæн ис гæнæн. Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта республикæйы аразджытимæ фембæлды рæстæг. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло бахаста фæндон, арæзтады фæткмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Æппæт фарстатæ алыг кæнæн ис æрмæстдæр бадзырдты руаджы, цæмæй дзы уый фæстæ дызæрдыггаг хъуыддæгтæ ма уа, уый тыххæй. Уыимæ фæнысан кодта, паддзахад йæхимæ кæй райста, льготæтæ исыны категоримæ цы адæм хауынц, уыдоны барта хъахъхъæныны хæс. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй амæй фæстæмæ, æнæ инвестицион контракт сфидар кæнгæйæ, иу адæймаг дæр арæзтадæн бар нал райсдзæн. Иннæтæн дæр цæрæнуæтты фæзуæтты аргъ фæкъаддæр кæнæн ис, загъта Сергей Меняйло. Уый тыххæй хъæуы цалдæр пунктмæ ивддзинæдтæ бахæссын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania