филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:23 воскресенье, 05 мая 2024
25 апреля 2024, 11:46
Республикæ æнтыстджынæй архайы паддзахадон программæты, уымæй дарддæр бантыст федералон бюджетæй фæрæзтæ радих кæнын дæр

Ууыл ныхас цыд Парламенты æмбырды

Республикæ æнтыстджынæй архайы паддзахадон программæты. Уымæй дарддæр бантыст федералон бюджетæй фæрæзтæ радих кæнын дæр. Ууыл ныхас цыд Парламенты æмбырды. Стыр æргом аздæхтой Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты социалон-экономикон рæзтмæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ивгъуыд азы хатдзæгтæгæнæн докладимæ Парламенты æмбырды раныхас кодта Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал. Сæйраг хъуыдытæ: паддзахадон программæтæ æххæст кæнын, æмæ закъондæттæг хицаудзинады оргæнтимæ æмархайд кæнын. Уымæй дарддæр – аиппытæ иуварс кæнын. Æдæппæтæй ивгъуыд аз скодтой 74 экспертон-аналитикон мадзалы 19 миллиард сомæн. Аиппытæ та слæууыдысты миллиард сомæй фылдæры аргъ.

Доклад скодта бюджеты, хъалонты æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Радта цалдæр фарсты ведомствойы разамонæгмæ. Сæ иу баст уыд бюджетон фæрæзтæ дих кæнынимæ.

Горæтгæрон районы æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, амалхъомдзинад, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, инвестицион хъомыс. Сæйраг къабæзты рæзтыл æрныхас кодта администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан.

Парламенты спикер Тускъаты Таймураз стыр аргъ скодта Горæтгæрон районы фæстаг азты рæзтæн. Бæстон ныхас цыд бынæттон цæрджыты куысты бынæттæй æххæст кæныныл. Ивгъуыд аз куыст дæттын центрмæ æххуысагур бацыдысты 1115 адæймаджы. 655-æй хыгъды слæууыдысты, куыд æгуыст адæм, афтæ.

Горæтгæрон районæй фæстæдæр нæ лæууы Рахизфарсы район дæр. Фæстаг 4 азмæ эксплуатацийы радтой цалдæр объекты: Беслæны сыгъдæггæнæн кусæнгæрзтæ, æвзонг техникты станцæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, стадион «Пищевик», тагъд æххуысы дæлстанцæ. Социалон-экономикон рæзты фæдыл раныхас кодта Рахизфарсы районы сæргълæууæг Мырыкаты Хъазыбег.

Æдæппæтæй Парламенты æмбырды æрныхас кодтой 23 фарстайыл. Иууылдæр баст уыдысты Цæгат Ирыстоны рæзтимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania