филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:34 пятница, 17 мая 2024
17 августа 2021, 14:25
Республикæйы 10-æм хат арæзт æрцыд æмхæццæ хъæбысхæстæй турнир

Йæ архайджытæ ерыс кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы Кубок рамбулыныл

Республикæйы 10-æм хат арæзт æрцыд æмхæццæ хъæбысхæстæй турнир. Йæ архайджытæ ерыс кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы Кубок рамбулыныл. Сæ цæттæдзинад равдыстой Цæгат Кавказы республикæты æфсæддонтæ, Уæрæсейы æндæр регионты, Казахстаны, Сомихы æмæ Белоруссийы минæвæрттæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ спорты ацы хуыз фæстаг азты кæны парахатдæр. Фæсивæд æм се рог здахынц разæнгарддæрæй. Турниры хатдзæгты тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

6 тохы, уыдонæй иу – сæйраг призыл. Æфсæддон хъæбысхæстæй РЦИ-А Сæргълæууæджы кубок рамбулыныл ерыстæ  цæуынц ныр 10-æм хатт. Турнир баст у терроризмы ныхмæ тохы бонимæ. Ерысты архайдтой Цæгат Кавказы республикæты æфсæддонтæ, Уæрæсейы æндæр регионты, Казахстаны, Сомихы æмæ Белоруссийы минæвæрттæ. Турнир бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Ерыстæ уыдысты мидисджын.

Турниры сæйраг тохы фембæлдысты Къорнаты Владимир Дзæуджыхъæуæй æмæ Дагестайнаг спортсмен Абдумуслим Хучбаров. Хуыздæр цæттæдзинад разынди ирыстойнаг спортсменмæ. Рамбылдта сæйраг хæрзиуæг – республикæйы сæргълæууæджы кубок. Уæлахиздзауы схорзæхджын кодта Сергей Меняйло йæхæдæг.

Турнир фæцæуы алы аз дæр. Æмхæццæ хъæбысхæсты спорты хуыз парахатдæр кæны фæсивæды хсæн. Уымæ гæсгæ ахæм равдыстыты архайын кæй фæнды, ахæмтæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Фидæнмæ ерыстæ уыдзысты егъаудæр, сæ архайджытæ та фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania