филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:03 пятница, 03 мая 2024
30 января 2024, 12:04
Республикæйы 68 ахуыргæнæндоны æхгæд æрцыдысты карантины

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Алыбекты Эллæ

Республикæйы 68 ахуыргæнæндоны æхгæд æрцыдысты карантины. Кълæсты ахуырдзауты фылдæр æмбис сты рынчын. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Алыбекты Эллæ. Ахуырады æмæ наукæйы министрады бæрæггæнæнтæ баххæст кодта фæлхасадмæ цæстдарды управлени, республикæйы хæцгæнизты уавæр раздæрау у эпидемиологон æмвæзадыл. Уымæй уæлдай, 25 сывæллоны фадынæгæй дзæбæх кæнынц рынчындоны, 11 дзы баластой ивгъуыд суткæйы. Æмбырды ныхас цыди зæххы хæйттæ æнæзакъонæй дих кæныныл дæр. Исбоны æмæ зæххы аххастдзинæдты министрады цæстдарæн мадзæлттæм гæсгæ рабæрæг, æнæзакъонæй кæй радтой, ахæм 125 зæххы хайы. Уый, Дзæуджыхъæуы æмæ Алагиры районы. Сергей Меняйло бадомдта, ацы хъуыддаджы фæдыл тæрхондæттæм æвæстиатæй курдиæттæ бацæттæ кæнын, æмæ уыцы зæххытыл æппындæр мацы арæзтад бауадзын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania