27 июня 2023, 12:08
Республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары уыди наркотикты ныхмæ акци
Баст у наркотиктæй пайда кæныны æмæ се нæзакъон зилдухы ныхмæ æппæтадæмон бонимæ
Республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары уыди наркотикты ныхмæ акци. Баст у наркотиктæй пайда кæныны æмæ се нæзакъон зилдухы ныхмæ æппæтадæмон бонимæ. Фæсивæдæн радзырдтой ацы зианхæссæг фæзынды тыххæй. Цæстуынгæ æрмæджы фæрцы та сын равдыстой æнæниз цардыуаг. Мадзалмæ æрбахуыдтой республикæйы зындгонд спортсменты. Уазджыты хсæн – мидхъуыддæгты министрады фæсивæдон политикæйы, физкультурæ æмæ спорты комитеты, наркодиспансеры минæвæрттæ, æмæ цæгатирыстойнаг хæрзаудæн фонд «Спасательный круг»-ы уæнгтæ. Акци дарддæр ахæццæ кодтой Сабырдзинады проспекты, уым та алы национ-культурон æхсæнадты волонтертæ адæмæн уæрстой наркотикты ныхмæ агитацион гæххæттытæ.
темæмæ гæсгæ