филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:11 воскресенье, 19 мая 2024
20 августа 2020, 12:46
Республикæйы æрныхас кодтой фæсивæдон политикæйы программæйы рæзтыл

Кусæг къордимæ фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав

Иумæйаг ресурс алкæмæн дæр. Республикæйы æрныхас кодтой фæсивæдон политикæйы программæйы рæзтыл. Кусæг къордимæ фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Хъæппæрисджын къорды уæнгтæ радзырдтой сæхи хицæн программæты тыххæй. Афтæ фæнд кæнынц фæсивæды наукон къабазмæ здахын. Уыимæ скъолайæ райдайгæйæ. Ныхас ма цыд нæ регионы бархионты змæлды рæзтыл дæр. Сæрмагондæй уый тыххæй бакуыстой 30 мадзалыл. Се хсæн – скъолаты волонтерты отрядтæ аразын, сæрдыгон лагерьты та – тематикон фæлтæртæ. Проекты пъланы ис регионалон бархионты форум саразын, стæй хъæппæрисджын проекттæн гранттæй æххуыс кæнын. Битарты Вячеслав ма хорзыл банымадта, грантты бæрц 3 хатты фæфылдæр кæныны тыххæй хъæппæрис. Æмбырды уæвджытæн ма радзырдтой экономикон активон архайды программæйы тыххæй. Уымæ дæр здахдзысты фæсивæды ргом. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй фæсивæды рæзты программæйыл кусгæйæ хъæуы иумæйаг уавæртæ саразын, цæмæй фидæны алы æрыгон адæймагæн дæр фадат уа йæ проекты æнтыстдзинадыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania