филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:13 пятница, 03 мая 2024
05 марта 2024, 12:28
Республикæйы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы кубок рамбулыны турнир мини-футболæй

Архайдтой дзы 10 командæйы республикæйы алы районæй дæр

УФ-йы президенты æвзæрстыты агъоммæ нæ республикæйы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы кубок рамбулыны турнир мини-футболæй. Архайдтой дзы 10 командæйы республикæйы алы районæй дæр. Куыд ацыд турнир æмæ чи сты уæлахиздзаутæ, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Голы фæстæ командæтæй иу цин фæкæны, иннæ та радайы йæхиуыл хуыздæр кусын. Стадион «Динамо»-йы ацыд республикæйы æвзарæн къамисы кубок рамбулыны республикон турнир чысыл футболæй. Фыццаг фембæлды фæуæлахиз сты Дыгуры районы минæвæрттæ.

Мадзал саразыны хъæппæрис разынд Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисмæ. Сбастой йæ УФ-йы президенты æвзæрстытимæ. Трибунæтæй хъазтмæ кастысты æрмæст фæсивæды хиуæттæ нæ, фæлæ ма районты сæргълæуджытæ, стæй спорты министр Гæззаты Юрий. Ерысты  архайдтой 10 командæйы республикæйы алы районæй дæр. Футболон фæзмæ рацыдысты, 18 азæй 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 70 футболисты онг.

Турниры архайæг Магкаты Зурабы фæндон сæххæст. Дыгуры районы командæ бацахста фыццаг бынат. 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ та – Æрæфы æмæ Мæздæджы районтæ. Хъазты хуыздæр дуаргæс сси Акъоты Арман, хуыздæр хъазæг – Мецъиты Рустем, хуыздæр бомбардир та – Бæззаты Ибрагим. Уæлахиздзауты кубоктæй схорзæхджын кодтой республикæйы æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ æмæ Цæгат Ирыстоны спорты министр Гæззаты Юрий.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania