Аэродроммæ æрбацыдысты бæстæйы алы регионтæй спортсментæ
Иутæн – экстрим, иннæтæн та – цардыуаг. Республикæйы арæзт æрцыдысты парашютистты æмбырдтæ. Аэродроммæ æрбацыдысты бæстæйы алы регионтæй спортсментæ. Бæлвырдæдр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Цалдæр минуты ма баззад, цæмæй спортсментæ-экстремалтæ акъахдзæф кæной æнæбын арфмæ.
3 минуты уæлдæфы æмæ та мæнæ парашютисттæ ногæй сты аэродромы. Ам сты иннæ регионтæй уазджытæ дæр. Елена Олейник æрбацыд Ейскæй. Куыд зæгъы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны тæхтыты фæстæ йæм вæййы бирæ æнкъарæнтæ.
Алы парашютистæн дæр ис йæхи истори æмæ йæхи фæндаг ацы спорты. Еленæйæн æй бауарзын кодтой йæ ныййарджытæ. Бирæ азты профессионалон æгъдауæй архайынц ацы хъуыддагæй. Ныр дæр Еленæ рагæпп кодта йæ фыдимæ – ветеран-парашютист Валерий Рогалевимæ.
æмæ афтæ ныр 20 азæй фылдæр Еленæйы цард цыма арвимæ баст у. Йæ хыгъды ис стыр æнтыстдзинæдтæ алы æмвæзады ерысты.
Елена Олейник æмæ иннæ фæлтæрдджын парашютисттæ ам сты æмбырдты. Ног архайджытæ нæй, фæлæ уæддæр инструктаж ахсджиаг у.
Парашютистты клубмæ бахауын бирæты фæнды. æнæмæнг домæн – адæймаг хъуамæ йæхæдæг 3 хатты рагæпп кæна 800 метры бæрзæндæй. Уæрæсейы бирæ аэроклубтæ æвзарынц зындзинæдтæ. Дзæуджыхъæуккаг ис, чи архайы, уыдоны хыгъды. Бындур æвæрд ын æрцыд 30-æм азты. Ис ын стыр истори æмæ спортсменты уæрæх географи. æмбырдтæ ам вæййынц арæх. 16-æм сентябрæй 18-æм октябрьмæ сæ арæхстдзинад равдисдзысты планеристтæ.
Ахæм æмбырдтæн стыр нысаниуæг ис. Сæ фæрцы спортсментæ сæ арæхстдзинад бæрзонддæр кæнынц.




