13 июня 2026, 09:52
Республикæйы бæхты скъолайы ацыд регионалон турнир Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы Кубок рамбулынæй
Архайдтой дзы 25 барæджы
Республикæйы бæхты скъолайы ацыд регионалон турнир Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы Кубок рамбулынæй. Архайдтой дзы 25 барæджы. Ерыс кодтой классикон дисциплинæты. Фæд-фæдыл дыккаг аз турнир арæзт æрцæуы Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Епархийы хъæппæрисæй чырыстон иугонд «Дзæнгæрæг»-имæ иумæ. Уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты Кубоктæй, майдантæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.




