филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 понедельник, 06 мая 2024
26 апреля 2022, 12:23
Республикæйы бæхты спортивон скъолайы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат æмæ ерыстæ

Бацархайдтой дзы Цæгат Ирыстоны, Мæскуыйы, Ростовы æмæ Краснодары барджытæ

Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонмæ нæ республикæйы бæхты спортивон скъолайы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат æмæ ерыстæ. Бацархайдтой дзы Цæгат Ирыстоны, Мæскуыйы, Ростовы æмæ Краснодары барджытæ. Нæ республикæйы иугонд командæйы сæргъы уыд Олимпаг хъæзтыты архайæг, æппæтадæмон турнирты бирæ хæттыты уæлахиздзау, Уæрæсейы 3 хатты чемпион Андрей Митин. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Алцыдæр бæлвырд у. Абон сæхи фæлвардзысты æрмæст бæхылбадджытæ нæ, фæлæ сæ цыппаркъахыг æмбæлттæ дæр. Æнгом æмархайд куы нæ кæнай, уæд дæ къухы ницы бафтдзæн. Хъæуы сæххæст кæнын бæлвырд рæстæг. Иу секунд дæр куы байрæджы кæнай, уæд дæ фæивар кæндзысты.

Архайджыты дæсныдзинадæн аргъ кодтой мæскуыйаг тæрхонгæнджытæ. Зылды чемпионат æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ, стæй республикæйы бæхты спорты федерацийы кубок цæуынц Аланийыл саргъауыны мин сæдæ азы кадæн мадзæлттæ æххæстнгæйæ. Республикæйы бæхты спортивон скъолайы номæй чемпионаты архайдтой Хъуысаты Алан, Байаты Зауырбег, Тменаты Дианæ æмæ Челæхсаты Виктория. Ирыстойнаг спортсментæй уæлдай ерысты архайынц Мæскуыйы, Ростовы æмæ Краснодары минæвæрттæ. Дыууæ боны дæргъы чемпионаты архайджытæ сæ тыхтæ фæлвæрстой манежы цыды æмæ кроссы.Хъыбызты Фердинанд у Уæрæсейы иугонд командæйы хистæр тренæр æмæ республикæйы бæхты спортивон скъолайы директор. Йæ зæрдæ тынг æхсайы йæ хъомыгæнинæгтæм. Стыр ныфс æй ис Хъуысаты Аланæй.

Æмæ Хъуысаты лæппу нæ фæфыдæнхъæл кодта, райста цалдæр майданы алыхуызон дисциплинæты. Афтæмæй та чысыл раздæр йæ уæхск фелвæст.

Йæхи хорз равдыста Байаты Зауырбег дæр. Йæ размæ уыд ахсджиаг нысан — уæлахиз самал кæнын æмæ бæхы фыццаг хатт ерысты бафæлварын. Уый у тынг бæрнон хæслæвæрд — гæнæн ис æмæ цæрæгой фæтæрса адæмæй æмæ æнæзонгæ уавæртæй. Уый тыххæй барæг æрмæст уæлахизмæ нæ тырныдта. Фæлæ байраг йæхи аккаг равдыста æмæ рамбылдта æвзист майдан.

Юрген-Шамыл фондз азы йедтæмæ нæ цæуы, фæлæ бæрæг у, хæрзмыггаг кæй у, уый. Тренировкæты фæстæ уарзы йæхи фæткъуытæй хорз фенын. Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй йæ бæхы бирæ уарзы æмæ йын уый тыххæй у æрмахуыр. Хорз бакуыста — йæ бон у йæ фæллад суадзын æмæ йæ уарзон холыйæ саходын.

Уазджытæ дæр разыйæ баззадысты сæ бæрæггæнæнтæй. Ерысты размæ мæйы дæргъы кодтой тренировкæтæ. Мæскуыйаг Дарья Неклюдова радзырдта, Ирыстон фенынмæ куыд тынг бæллыд, уый. 

Уазджытæ дæр тынг разыйæ баззадысты. Кадиты бинонтæй бæхты спорты ничи архайы, фæлæ уæддæр æрбацыдысты, цæмæй бæхты дугъмæ бакæсой, уый тыххæй. Ныййарджытæ сæрмагондæй æрбакодтой сæ цоты Дзæджыхъæуæй Заводы поселокмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй бæхтæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Уæлдайдæр та бæхылбадджыты дæсныдзинад.

Ахæм ерыстæ суыдзысты æрвылазон. Ныр та уал спортсментæ цæттæ кæнынц иннæ къæпхæнмæ, кæцы ацæудзæн Мæскуыйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania